Давит Залкалиани,Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министр Томаш Петршичекимæ фембæлд
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министр Томаш Петршичекæ фысым кæны. Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны æхгæд форматы цæугæ фембæлды фæстæ, Чехийы æмæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министртæ, иумæйаг фидиуæнтæ сараздзысты.
Уæдмæ та къух бафысдзысты «Гуырдзыстоны æмæ Чехийы Республикæйы æхсæн фыдракæндимæ тохы æмкуысткæнынады фæдыл» бадзырд æмæ «Гуырдзыстоны хицауады æмæ Чехийы Республикæйы хицауады æхсæн Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æсæн æнæбарлæвæрдæй цæрæг уæнгты реадмиссийы фæдыл бадзырды имплементацийы тыххæй» протокол.
Визиты фæлгæттыЧехийы фæсарæн хъуыддæгты министр фембæлдтæ афтæдæр сараздзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмæ премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ.
Томаш Петршичек Хурвалеты абæрæг кæндзæн оккупацион хахх. Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министр Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты хайад райсдзæн 11-12 июлы Батумы æхсæнадæмон конференцийы –«Аргъджын партнерады 10 аз – рацæугæ фæндаг æмæ перспективæтæ».
Гуырдзыстонмæ, куыд «Скæсæн партнерады» лидер бæстæмæ, юбилейон датæ банысан кæнынæн æмæ «Скæсæн Партнерады» фæстиуджытыл æмæ фидæныл фæуынаффæ кæнынæн æрцæудзысты, Европаг Советы президет Дональд Тускъ, гуманитарон æххуысы æмæ кризистæн фæткдæттыны фарстаты еврокомиссар Кристос Стилианидис, афтæдæр Евроцæдисы æмæ партнер бæстæты аст фæсарæн хъуыддæгты министр, сæ нымæцы: «Скæсæн партнерады» инициатор бæстæты – Польшæ æмæ Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ – Яцек Чапутович æмæ Маргот Вальстрьомм, Болгарийы вице-премьер æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Екатерина Захариева, Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Зохраб Мнацаканян, Сербийы Евроинтеграцийы министр Ядранка Йоксимович, Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министр Питер Сийарто, Германийы еропаг фарстаты падзахадон министр Михаел Ротт, Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты æмæ Европаг ингерацийы падздахадон нымæрдар Даниела Морари, Албанийы, Белорусы, Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты хæдивджытæ, Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министрады паддзахадон нымæрдар, Германийы, румыниы, Швецийы падзахады парламенты вице-спикертæ.