Давит Залкалиани - уырнæг дæн, Гуырдзыстоны тематикæ кæддæриддæр уыдзæн Америкæ-Уæрæсейы бонвæткы
Æнæхъæн ацы фæстаг периоды дæргъы, нæ куысты иуæй-иу сæйраг приоритет иудадзыг у уый цæмæй, АИШ-ы Уæрæсеимæ ахастыты боны фæткы Гуырдзыстоны тематикæ уа раззаг позицитыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ партнертæм сæм кæддæриддæр ис иу курыдиат, цæмæй бæрзонд æмвæзады фембæлд уыдзæн кæнæ саммит, Гуырдзыстоны фарста, бæрзонд кæпхæныл уа æхсæнадæмон æмгарады бонвæткы æмæ ацы æрдгæй оппонентты критикæимæ разы нæ уыдзæн.
«Ай тыххæй æнæ иу хатт райхъусын кодта, сæйраг стратегион партнертимæ нæ официалон кæнæ æнæофициалон коммуникациты рæстæджы. Цалдæр конкретон дæнц æрхæсдзынæн. Блинкенимæ мæ фæстаг телефонон ныхасы рæстæджы, иуæй-иу сæйраг куырдиат растдæр уый уыдис, цæмæй фембæлдты рæстæдж Гуырдзыстоны тематикæ бæрзонддæр æмбæвæзадыл уыдаит приоритетон фарстæты æхсæн. Филлип Рикеры Тбилисмæ визиты рæстæджы, йемæ премьер-министры æмæ мæ бадзырдты сæйраг приоритетон æрдæмад уыд ацы фарста, Америкæ-Уæрæсейы саммитыл Гуырдзыстоны тематикæйы актуализаци» райхъусын кодта Давит Залкалиани.
Джо Байден æмæ Владимир Путины фембæлды тыххæй, Залкалианийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, иумæйаг пресс-конференцийæ райхъусын кодтой нысаниуæгджын сигналты тыххæй, ома АИШ-æ нæ фæуадздзæн сæрмагонд æмцæдисонты, кæцыты нымæцы, йæ хъуыды дартта Гуырдзыстон дæр.
Залкалиани ныфсджын у, цæмæй Гуырдзыстоны тематикæ куыд ныры онг, афтæ фидæны дæр æнæмæнгæй уыдзæн Америкæ-Уæрæсейы бонвæткы.