Давит Залкалиани – Уырнæг дæн, æввахс периоды саммиттыл фендзыстæм конкретон фæстиуджытæ гом дуары политикæмæ гæсгæ
Иттæг нысаниуæгджын визит у, зæгъин, цæмæй тæккæ афоныл, уымæн æмæ бирæ темæ æркæсын хъæуы, кæцытæ ис нæ дыууæ сæйраг стратегион партнеры æхсæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хуъыддæгты министр Давит Залкалиани Украинамæ визиты фæдыл фехъусын кодта.
«Дыууæ сæйраг æрдæмад у европаг æмæ евроатлантикон æрдæмад. Æнæмæнгхæъугæ у, ацы дыууæ сæйраг æрдæмадæй координацигондæй кусын æмæ иумæйаг къахдзæфтæ сплан кæнын. Зондзыстут æй, æввахс периоды тынг ахсджиаг мадзæлттæ цæудзæн, НАТО-йы саммит, афтæма Хурыскæсæны Партнерады саммит æмæ ацы визиты фæлгæтты каст уыдзæнис уыцы сæйраг къахдзæфтæ, кæцытæ ацы самитты агъоммæ баззайгæ периоды бахъæудзæнис саразын.
Рагæй райдыдтам ацы иумæйаг куыст. Æмархайд кæнæм алы æхсæнадæмон организацийы фæлгæтты, куыд НАТО-ы фæлгъæтоты афтæ Евроцæдисы. Цæй зæгъын æй хъæуы ис мæм æнхъæлц, цæмæй ацы фембæлдты фæстиуæгæн нæ интерестæ ноджы дырысæйдæр уыдзысты бавдыст куыд НАТО-йы, афтæ Евроцæдисы контексты. Уырнæг дæн æввахс периоды саммиттыл æркæсдзыстæм конкретон рахатинаг фæстиугджытæ, фæнды гом дуары политикæйы æрдгæй, куыд Гуырдзыстоны афтæ Украинæйы Евроцæдисмæ интеграцийы æрдгæй» – фехъусын кодта Залкалиани.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, визиты фæлгæтты иуæй-иу сæйраг фарста уыдзæн оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæр æмæ конфликтты аскуыддзаг.
Уыимæ иумæ, Гуырдзыстоны вице-премьеры фидиуæнæй, визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг, хайад райсдзæн æртæ ассоциацигонд бæстæйы, – Молдовæ, Украина, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды.