Давит Залкалиани - Украинæйы денджызон наутæм Уæрæсейы лæбурд æмæ сæ ахст у æхсæнадæмон денджызон барады гуырымыхъхъ саст
Украинæйы денджызон наутæм Уæрæсейы лæбурд æмæ сæ ахст у æхсæнадæмон денджызон барады гуырымыхъхъ саст – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани «Твиттеры» фарсыл фыссы.
Залкалиани Украинæйы айтынггонд фæзындты кой кæны.
«Лæмбынæг мæ хъус дарын Азовы денджызы æмæ Керчы донкъубалы цæугæ мæтæфтауæг фæзындтæм. Украинæйы денджызон наутыл бырст æмæ сæ ахст у æхсæнадæмон денджызон барад гуырымыхъхъ саст æмæ тæссаг у æнæхъæнæй регионы æдадсзинадæн. Гуырдзыстон йæ фарс хæцы Украинæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
Æхсæнадæмон дзыллæйæ курæг стæм, райсæт æнæаргъæвгæ мадзæлттæ уавæры деескалацийæн», – фыссы Давит Залкалиани.
Уырыссаг наутæ Украинæйы катертыл Одессæйы наулæууæнæй Мариуполы портмæ змæлды рæстæджы æхст райдыдтой. Инциденты фæстиуæгæн Украинæйы æхсæз æмбæстаг фæцæф сты. Украинæйы президенты минæвары хъусинагæй уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ ныридæгæн 20-æй фылдæр украинаг æфсæддоны æрцахстой.