Давит Залкалиани - Шарль Мишелы визитæй бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон нæ Европаг партнертæн иттæг нысаниæуæгджын партнер у
Шарль Мишелы визитæй бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон нæ Европаг партнертæн иттæг нысаниæуæгджын партнер у, – райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.
Залкалианийы дзырдæй, Гуырдзыстоны европеизацийы процесс æнæфæзилгæ у.
«Нысаниуæгджын визит уыд, æмæ фæстагмæ æнтыстæй фæцис Европаг Советы президенты медиаци. Ацы визитæй бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон нæ Европаг партнертæн иттæг нысаниæуæгджын партнер у. Амæйфæстæмæ æнæхъæн политикон спектр, æнæхъæнæй хицауад фокусиргонд уыдзæн бæстæйæн иттæг нысаниуæгджын æртхъирæнтæ аскуыддзагыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ европеизацийы процесс æнæфæзилгæ у.
Сæйраг акцент здæхт хъуамæ здæхт уа Европæйы æрдæм тынг æндиуд къахдзæфтæ саразыныл, цæмæй Гуырдзыстон сыххæст кæна уыцы нысаниуæгджын, амбицион уынаффæ, кæцы 2024 азы уæнгсуæвыны курдиат бавдисынимæ у баст», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.
Европаг Советы президент арль Мишель, Гуырдзстонмæ визит фæцис. Шарль Мишелы афæндараст кæныны официалон церемони Шота Руставелийы номыл Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты ацыд, кæцыйы хайад иста Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.