Давит Залкалиани – Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сырæзт уавæрæн æнæаргъæвгæйæ хъæуы æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй реакци
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Давит Залкалиани, Европæйы Советы министрты хæдивджыты комитеты рабадтыл, афæлгæста оккупацигонд Гуырдзыстны регионты сырæзт уавæр. Давит Залкалиани дзырдæй ралæууыд комитеты 1314-æм рабадтыл, кæцыйыл æруынаффæ кодтой инæралон нымæрдары хыгъдлæвæрд «Конфликт Гуырдзыстоны».
Цæугæ азы 18 апрелы, Европæйы Советы министрты хæдивджыты комитеты 1314 рабадтыл æркастысты инæлар-нымæрдары 17 консолидацигонд хыгъдлæвæрд «Конфликт Гуырдызстоны.
ЙÆ ралæуды Давит Залкалиани хъусдард раздæхта, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уæззау уавæр æмæ уæрæсейаг оккупацион тыхы архæйдтытæ, кæцытæ фæстаг рæстæджы сæххæст сты. Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд Арчил Татунашвилийы марындзинады хъуыддагыл æмæ банысан ис, цæмæй хъыгагæн зæгъгæ уый нæу иунæг ахæм цау, Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстаг, Гига Отхозориайы дæр афтæ амардтой оккупацион хаххы цур.
Йæ ралæуды фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг, афæтæдæр фæныхас кодта, Уæрæсейы æмæ оккупацигонд Абхази æмæ Цхинвалы регионтимæ къубафыст а.х. бадзырты фæдыл дæр.
Йæ хъусдард афтæдæр раздæхт а.х. бордеризацийы процессы æрдæм, оккупацион хаххы дæргъмæ уæвæг ауадзæн пунктыты æрыхкæды æмæ æнæзакъонон ахстыты, афтæма таможнæты пунктыты Сухум æмæ Ахалгоры æрбайгомы, æмæ этникон гуырдзиæгтæн а.х. цæрыны баргæххæты тыхбын раттыны æрдæм.