Давит Залкалиани – Нысаниуæгджын у, Баку-Тбилис-Джейханы нефтуадзæныл ма уа æфсæддон уæлархайд, уымæн æмæ у стратегион объект регионы æмæ йæ æддæйæ
Нысаниуæгджын у Баку-Тбилис-Джейханы нефтуадзæныл ма рцæуа исты хуызы æфсæддон архайд, уымæн æмæ у стратегион объект регионæн æмæ йæ арæнты æддæйæ дæр – уый фæдыл, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ, растдæр стратегион объекттæ сты регионы æдасдзинады гарантор. Уый тыххæй дæр алчи цымидисджын у, цæмæй фæнысангонд объектты нормалон куыстæн мацы тас сырæза.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, стратегионæй нысаниуæгджын проекттæ, кæцытæ ис Хуссар Кавказы, махæн у иттæг ахсджиаг инетерсы сферæ æмæ иудадзыгæй мониторинг кæнæ уавæр ацы æрдгæй. Фæныхас кодтам куыд нæ партнер бæстæтимæ регионы, комкоммæ уыцы бæстæтимæ кæцыты территорийыл ис ацы стратегион объекттæ, афтæма нæ стратегион партнеримæ, АИШ-имæ, Евроцæдисимæ, уымæн æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй растдæр ацы стратегион объекттæ сты регионы æдадсзинады гарантор. Уый тыххæй дæр алчи цымидисджын у, цæмæй сæ нормалон куыстæн мацы тас сæвзæра. Уымæ гæсгæдæр иудадзыг контактыл стæм нæ стратегион партнертимæ.
Федтам дыууæдæр фарсы дзуапп. Махæн иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй ацы объекттыл ма рцæуа исты хуызы æфсæддон уæлархайд, уымæн æмæ у иттæг нысаниуæгджын стратегион оъект æнæхъæнæй регионæн, афтæдæр йæ арæнты æддæйæ æмæ сæ диверсификацийæн, афтæма Евроцæдисы энергоæдасдзинадæн дæр тынг ахсджиаг рол æххæст кæны» – фехъусын кодта Давит Залкалиани.
Азербайджаны фарс ахæлиу кодта информаци, ома Сомихыстоны гарзджын тыхтæ, Баку-Тбилис-Джейханы нефтуадзæныл ракетон хафт сыххæст кæнын бахъавыдысты. Фæлæ Сомихыстоны хъахъхъæнынады министрад, фæнысангонд информацийы мæнгæй схуыдта.