Давит Залкалиани ныфс дары цæмæй «Триойы Саммитæн» æввахс фидæны сфысым кæндзæн Гуырдзыстон
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани ныфс дары, цæмæй «Триойы саммитæн» æввахс фидæны сфысым кæндзæн Гуырдзыстон. Уый фæдыл Давит Залкалиани райхъусын кодта Брюсселы.
Давит Залкалиани куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ ацы æрдгæй тынг дзæбæх динамикæ ис, прогресс ис æмæ кæд исты куылымпыгæнæг фактор нæ фæзындис уæд ацы инициативæйæн йæ ныхмæ ницы слæудзæнис.
«Æввахс периоды нын уыдзæн фадат Тбилисы сфысым кæнæм растдæр «Триойы Саммиты» форматы лидертæн æмæ Евроцæдисы бæрзонд æмвæзады бастдзинадæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уый ноджы иу бæлврдгæнæн уыдзæн ацы процессы æнæфæцудгæдзинады, кæцы абон ам, Брюсселы райдыдта. Растдæрæй та райдыдта Киевы, 17 майы, иумæйаг меморандум бафыссынæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы визит тынг æнтыстджын уыд, уыцы бадзырдты, дисккусситы тыххæй, кæцы æнæхъæн боны дæргъы уыд, куыд комиссийы, афтæ æддæ ахастыты бæрзонддæр минæвæрттимæ афтæ европарламенты, тынг позитивон реакци ис æмæ алчидæр æмхъæлæсонæй райынц триойы форматы нæ интеграцион процессты дарддлæры активизацийæ. Алчи æмхъæлæсонæй разы сты цæмæй æнæмæнгхъæугæ у, урæд уа процессы хурыскæсæны партнерады фæлгæтты инклюзивондзинад, кæнæ та æппæтылæххæссæг уа ацы процесс, фæлæ иурæстæгонæй æнæмæнгхъæугæ у дифференциргонд ахаст, кæцы тынг рæстаг у, уымæн æмæ æртæ бæстæ, ассоциацигонд уæнг бæстæтæ – Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæ, мах стæм, ацы æрдгæй прогресс чи æвдисы уыдон. Æнæмæнгхъæугæ у цæмæй ацы конкретон прогрессæн уа фембæлæг къахдзæфтæ, дарддæры къахдзæфтæ Евроцæдисæй. Дæ программæ куы бавдисыс уæд æнæмæнгхъæугæ у цæмæй уый конкретон фембæлæг къадзæфтæй уа фидаргонд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы цæстæнгасæй абон цы диалог райдыдтам уый фидæны æрхæсдзæн конкретон рахатинаг фæстиуджытæ» – райхъусын кодта Залкалиани.
Фарстыл зæгъгæ Евроцæдисы бæрзонд æмвæзады бастдзинадæй «Триойы Саммит» цы нысан кæны, европарламентæ загътой зæгъгæцæмæй Мишел сæрмагондæй исдзæн хайад æмæ æрцæудзæн æви нæ уый Гуырдзыстонмæ, Давит Залкалиани уый дзуаппæн загъта:»Куыддæр нын уыдзæн официалон бæлвырд дзуапп, уæд уын æнæмæнгæй фехъусын кæндзынæн. Фысымтæ уыдзыстæм мах, цæй зæгъын æй хъæуы стыр фæндон у цæмæй бæрзонд æмвæзадыл бавдыст уа, æмæ ныфс дарын афтæ уыдзæн».