Давит Залкалиани нæ цух кæны, цæмæй дыууæ къуыримæ гæнæн ис ауæрæхдæр уа бæстæты номхыгъд, кæцытимæ Гуырдзыстон арæнтæ байгом кæндзæн
Уыцы бæстæты æмбæстæгтæ, кæцытæ Гуырдзыстонмæ æнæуæлдайныхасæй гом арæнты фæдыл уынаффæйы фæлгæтты æрцæудзысты, рагафонмæ хъуамæ баххæст кæной куырдиат, кæцыйы мидæг бавдыст уыдзæн Гуырдзыстоны сæ цæрæн бынат, цæмæй æмбæлгæ куыстытæн уа фадат, сæ æнæниздзинад фæфыддæры цауы, тагъд бацагурын æмæ баххуыс кæнын. Уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани хъусын кæны.
Давит Залкалиани афтæдæр нæ цух кæны, цæмæй дыуæ къуыримæ ауæрæхдæр уа бæстæты номхыгъд, кæцытимæ Гуырдзыстон арæнтæ байгом кæндзæн.
«Махæн сæйраг у хъусдард, куыд европаг партнерты æмбæстæгтæм, афтæ нæхи æмбæстæгты æнæниздзинадмæ. Иннæ бæстæты дæр, кæцыты райстой уынаффæ Гуырдзыстонæн арæнтæ багом кæныны фæдыл, ис бæрæг домæнтæ. Дæнцæн, иуæй-иу бæстæ нын фидар кæны 14 бонон карантин, афтæ хиизоляци дæр. Ахæм ахаст нын ис фæнысангонд бæстæтæм махæн дæр. Ис бæрæг бæстæтæ, кæцытæ æппын нæ райстой уыцы рекомендацион номхыгъд, кæцыйы Евроцæдисы совет сфидар кодта июны кæрон. Нæ ахаст дæр у айдæны хуызæн æмæ мах дæр архайдзыстæм æмбæлгæйæ ахæм бæстæты æрдæм. Цух нæу уый дæр, æмæ дыууæ къуыримæ ауæрæхдæр уа ацы номхыгъд, уымæн æмæ æнæаскуынгæ комуникаци нын ис Евроцæдисы уæнг алы бæстæтимæ уый тыххæй цæмæй дыууæфарсонæй æрцæуа æмбæлгæ уынаффæты райст» – райхъусын кодта Залкалиани.