Давит Залкалиани Майк Помпеоимæ организацигонд фембæлдыл, фæныхас кодта оккупацигонд территоритыл уæвæг уæззау уавæры фæдыл
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани, религийы сæрибардзинады альянсы уæнг бæстæты дæс фæсарæн хъуыддæгты министримæ иумæ, бæрзонд æмвæзады фембæлды райста хайад, кæцы АИШ-ы паддзахадон нымæрдары, Майк Помпеойы бахуындæй, Вашингтоны ацыд.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг, религийы сæрибардзинады фарстайыл ныхасы рæстæджы, сæрмагонд хъусдард раздæхта оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты адæймаджы барты хъахъхъæды æрдгæй уæвæг иттæг уæззау уавæры æрдæм.
«Давит Залкалиани паддзахадон нымæрдарæн бавдыста информаци оккупацион режимы конкретон архæйдтыты æмæ скуыддзæгты фæдыл, кæцыйæ хæлд цæуынц адæймаджы фундаментон бартæ, сæ нымæцы дины æмæ бынатыл уæвæг гуырдзиаг кувæндæтты этникон гуырдзиагæтæн службæ сæмбонд кæныны фæдыл. Министр сырæзт уавæры фоныл, бахахх кодта оккупацигонд регионты æхсæнадæмон æмгарада уæгъдибар бацыды æнæмæнгхъæуындзинад» – дзырдæуы Гуырдзстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинаджы.
Уымæй уæлдай ма, фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, паддзахадон нымæрдары организацигонд амалыл, Майк Помпео æмæ Давит Залкалиани, Гуырдзыстон-АИШ-ы æмгуыстады архайæг боны фæткыл фæныхас кодтой.