Ираклий Гъарибашвили араст ис АИШ-æм
Ираклий Гъарибашвили араст ис АИШ-æм

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, делегациимæ иумæ, АИШ-æм  араст ис.  Премьер-министры пресс-куысты информацийæ,   Ираклий Гъарибашвили  АИШ-æм визиты фæлгæтты, ИНО-ы генералон ассамблейы   77-æм  сессийы  генералон дебатты  хайадисджытæм раздæхдзæн.  Уæдмæ та  премьер-министр   ИНО-йы генералон ассамблейы  77-æм сессийы  байгомы  церемонийы райсдзæн хайад.

Нью-Йоркъмæ визиты фæлгæтты,  Гъарибашвили, дыууæфарсон бæрзонд рангы  фембæлдтæ ауадздзæн.

Гуырдзыстоны делегацийы  сконды,  кæцыйæн къухдариуæг кæны  премьер-минстр  Ираклий Гъарибашвили, сты  фæсарæн  хъуыддæгты  министр Илиа Дарчиашвили, ахуырады æмæ зонæдты  министр Михеил Чхенкели  æмæ  хицауады  администрацийы хистæр  Реваз  Джавелидзе.