Давит Залкалиани - Йенс Столтенбергы визиты рæстæджы, позитивон аргълæвæрд æрцыд алы уыцы реформæ, кæцыты æххæст кæны Гуырдзыстон
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалианийы фидиуæнæй, НАТО-йы генералон нымæрдары, Йенс Столтенбергы визиты рæстæджы, позитивон аргълæвæрд æрцыд алы уыцы реформæ, кæцыты æххæст кæны Гуырдзыстон.
Министры дзырдæй, Гуырдзыстонæн зæгъгæ серьозон фарсхæцын ис НАТО-ы партнер бæстæты æрдгæй.
Уыдтынг пайдаджын визит, позитивон аргъ райстой Гуырдзыстон цы реформæтæ æххæст кæны уыдон иууылдæр, куыд хъахъъæнынады сферæйы, афтæдæр политикъон æмæ экономикон æрдгæй, деомкративон институтты фæтыхджындæры цæстæнгасæй. Ис нын серьозон æххуыс НАТО-ы партнер бæстæтæй, кæцы айзæлдис генералон нымæрдары визиты рæстæджы, цæмæй Гуырдзыстоны æнæмæнгæй суыдзæн НАТО-йы уæнг.
Фæныхас кодтам СауДенджызы æдасдзинады фарстатыл. Ацы ахуыртæ тынг нысаниуæгджын уыдысты. Ацы визит æмæ æнæхъæнæй НАТО-Гуырдызстоны ахастыты боны фæтк, ацы бонты дæргъы нымадмæ ист хъуамæ цæуа æрбаввахсгонд НАТО-ы министериалы фæлгæтты. НАТО-имæ ахæм æфсæст боны фæтк, НАТО-имæ нын цы зондджын политикъæ ис уыцы стратегийы хай у» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.