Давит Залкалиани - Иумæйаг æрвитæггагæй хъуамæ баздæхæм Уæрæсемæ, агрессивон политикæ уадзын фæурома æмæ цыт кæна Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, Уæрæсеы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агресийæ 10 азы сæрыл специалон фидиуæн аразы.
Давит Залкалианийы Twitter-ы фарсыл публикацигонд ныффысты куыд дзырдæуы афтæмæй, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агрессийы æмæ регионты оккупацийы 10 азон периоды дæргъы, Гуырдзыстон конфликты сабырады фæндагæй аскуыддзагы æрдæм æнæцудгæ тырнынад равдыста.
«Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агрессийы æмæ дыууæ регионы оккупацийы10 азон периоды дæргъы, мах равдыстам æнæцудгæ тырнынад конфликты сабырадонæй аскуыддзагы æрдæм. Мах хъуамæ баиу уæм æмæ иууон æрвитæггагæй сидт арвитæм Уæрæсемæ, цæмæй хъуамæ баурома агрессивон политикæ уадзын æмæ цыт кæна Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн», – фыссы Залкалиани.
Twitter-ы æрвитæггагимæ иумæ публикацигонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры видео-сидт дæр, кæцыйы мидæг Залкалиани хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы агрессийы 10 азон периоды, Гуырдзыстон конфликты аскуыддзаг кæнынæн бирæ архайдта, уый нымæцы Женевæйы дискусситы хайад райсыны нысанæй, цы ран гуырдзиаг фарс, æнæиухатт сæвæрдта боны фæткъы оккупацигонд регионты адæймаджы барты састы фактытæ.
«Уæрæсе дарддæр кæны гуырдзыстоны регионты оккупаци. Уый æхххæст цæуы æхсæнадæмон закъондæттынад гуырымыхъхъ хæлдæй æмæ Евроцæдисы æхсæныбацыдæй формæсконд æхсты фæурæды фæдыл бадзырды игнорирдзинадæй. Фæндаг æнæцудгæ æмæ дæргъвæтин сабырады æрдæм растдæр ацы бадзырдты сæххæстыл у баст. Уæрæсейы иугæндты акæнын скуыддзаггæнæг у конфликты трансформацийæ. Оккупацигонд регионты æдасдзинады æмæ адæймаджы барты æрдгæй, сырæзт ситуаци, фæстæмæ мæтæфтауæг у. Ног сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм» у иттæг нысаниуæгджын, кæцыйы нæ хицауад адæмы бафидауыны мæ интеграцийы процесс фæактивон кæныны нысанæй авæрдта. Нысаниуæгджын у, нæхимæ æруадзæм иудзинад æмæ Уæрæсейæ æркурæм агрессивон политикъæ баурæд, афтæдæр Мæскуы фæстæмæ асида Абхаз æмæ Цхинвалы регионты хæдбардзинады банымады фæдыл скуыддзаг æмæ цыт кæна Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, йæ æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгæтты», – хъусын кæны фæсарæн хъуыддæгты министр видео-сидты.
Залкалианийы дзырдæй, æнæкæсгæ Уæрæсейы оккупацимæ, Гуырдзыстон сбæлвырд кодта, цæмæй у стабилон æмæ демокративон бæстæ, кæцымæ ис европаг æмæ евро-атлантикон тырнынадтæ.