Давит Залкалиани – ис мæм развæлгъау информаци, цæмæй НАТО-ы декларацийы æвдыст у Гуырдзыстоны прогресс
Гуырдзыстоны фарста хаст у НАТО-ы саммиты бонвæткмæ, уымæй ноджы иу хатт бæрæг кæны, цæмæй партнертæ Гуырдзыстон нымайынц иумæйаг аргъдзинæдтæ хæссæг бæстæйыл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр Давит Залкалиани НАТО-йы Брюсселы саммитыл ныхасы рæстæджы загъта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг рæстæджы бæрзонд рангы визиттæй спайда кодтой, цæмæй НАТО-ы декларацийы æвдыст уыдаит Гуырдзыстоны прогресс.
«Ахсджиаг у, цæмæй фæстаг рæстæджы интенсивон куыстыты фæстиуæгæн, нæ алы партнеримæ иумæ, фæстаг периоды ацæугæ бæрзонд æмвæзады визиттæ, премьер-министры, мæ визиттæ хицæнæй, афтæдæр Тбилисмæ визиттæ, фылдæр нæхи æрдгæй, максималонæй спайда кодтам уый тыххæй, цæмæй нæ тематикæ, Гуырдзыстоны прогресс æмбæлгæйæ бавдыст уыдаит НАТО-ы саммиты декларацийы», – банысан кодта Давит Залкалиани.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ йæм нырид ис рагафон информаци, ома Гуырдзыстоны фарстайыл декларацийы тексты тынг дырыс æмбарынгæнæнтæ.
«Ис мæм развæлгъау информаци, цæмæй цалдæр сахатмæ фендзыстут текст, цæмæй текст у тыхджын дзæбæх, тексты мидæг æвдыст у уыцы прогресс, кæцы ис бæстæйæн НАТО-мæ интеграцийы æрдгæй. Ис мæм æнхъæлц, цæмæй рафæлхатт уыдзæн Бухаресты саммиты уынаффæ уый фæдыл, цæмæй Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн НАТО-йы уæнг. Уыдзæн ныхас уый оккупацийы фæдыл æмæ уый тыххæй, цæмæй Уæрæсе æнæмæнгæй хъуамæ сыххæст кæна бадзырдтæй йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон. Уыдзæн тынг дырыс сигналтæ Уæрæсемæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нысаниуæгджнæй бахахх уыдзæн уый, цæмæй Гуырдзыстонæн ис алы практикон инструмент НАТО-ы уæнгæй суæвынæн æмæ хъуыды кæнын, афтæдæр нысаниуæгджын хъусдард уыдзæн здæхт Сау Денджызы æдасдзинады контекстмæ. Кæнæ та алы уыцы сæйраг приоритет, кæцы нæ уæнгдзинадимæ у баст, æвдыст уыдзæн саммиты декларацийы», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.