Давит Залкалиани – Гуырдзыстон Хурыскæсæны Патнерады нысæнтты æмзæрдæ у
Евроцæдисы æддаг хъуыддæгты совет 11 майы Хурыскæсæны партнерады фæдыл хатдзæгон документ райста, кæцы аргъдæтты йæ нысаниуæгæн æмæ фидæны æмкуысткæнынады ардæмадтæ бæрæг кæны.
Фæнысангонд факты кой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани «Твиттеры» сæрмагонд фарсыл кæны.
«Райгонд стæм Евроцæдисы æддаг хъуыддæгты советы хатдзæгæй Хурыскæсæны Партнерады фæдыл, кæцы бæлвырд кæны, куыд партнерады стратегион нысаниуæг Евроцæдисæн, афтæ Гуырдзыстоны евроинтеграцион нысæнттæ, сæ нымæцы, Евроцæдисы мидбазармæ интеграцийы æрдæм», – фыссы Залкалиани.
Фæсарæн хъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Гуырдзыстон æмзæрдæйæ сæ фæдыл цæуы Хурыскæсæн Партнерады нысæнттæн æмæ разы у сидтимæ, ома ацы политикæ фылдæр амбицион бауа».
«Æнхъæлмæ кæсæм Хурыскæсæны партнерады иннæ саммитмæ», – фыссы Залкалиани.