Давит Залкалиани – Гуырдзыстон бирæ къахдзæфтæ сарызта, цæмæй Уæрæсейæн арвыстаит сигнал ситуации деескалацимæ цæттæдзинады тыххæй, хъыгагæн фембæлæг къахдзæфтæ нырма нæ уыд
Оккупацигонд Абхазы а.х. æвзæрстыты дыккаг турæн ницы легитимаци уыдзæн æмæ уый сбæлвырд ис, уыцы бирæнымæцон фидиуæнтæй, кæцытæ сарызта алы æхсæнадæмон актор, алы уыцы организаци, кæцы баст у йæхæдæг Женевæйы бадзырдты процессы – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Уымæй дарддæр ма, фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй, максималонæй хъуамæ спайда уа алы уыцы формат, сæ нымæцы Абашидзе-Карасины формат, кæцыйæн ис потенциал цæмæй бирæ нысаниуæгджындæр къахдзæфтæ æрцæуа арызт.
«Гуырдзыстон бирæ къахдзæф сарызта уый тыххæй цæмæй Уæрæсейы Федерацийæн арвыстаиккам сигнал, цææмй цæттæ стæм, ситуацийы деескалацимæ. Хъыгагæн иннæ фарсæй мах нæ райстам фембæлæг къахдзæфтæ. Уый тыххæй, кæд диалогы кой кæнæм, уæд уый хъуамæ уа концентриргонд деоккупацийыл æмæ ай хъуамæ уа уыцы сæйраг проблеммæйыд, кæцы у Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастыты сеппæтæй серьозон къуылымпыгæнæг фактор æмæ уый у нæ бæстæйы территориты деоккупаци.
Уый тыххæй дæр, мах кæй зæгъын æй хъæуы алы æхсæнадæмон акторимæ иумæ, максималонæй спайда кæндзыстæм уыцы форматтæй, цæмæй уырдгæй райст хæсист, кæцы у фыццаджыдæр 2008 азы æхсты фæурæды бадзырдæй, сыххæст уой æмæ уый фæстæ фæныхас кæнæм уыцы темæтыл, кæцы баст у гуманитарон ситуацийыл, тыхыбын бынативгæ уæнгты æрыздæхыныл æмæ а.д. Уæдæ нырма максималонæй хъуамæ спайда кæнæм уыцы форматтæй, уый нымæцы Абашидзе-Карасины формат, кæцытæн ис потенциал, цæмæй ноджы нысаниуæгджындæр къхахдзæфтæ æрцæуа арызт» – райхъуссын кодта Залкалиани.