Падзахадон церемониты галуаны Гуырдзыстоны вице-премьеры, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы æмæ OSCE-ы архайæг сæрдар Швецийы падзахады фæсарæн хъуыддæгты министр Эн Линдеимæ фембæлдис.
Фембæлдыл банысан ис, цæмæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты аскуыддзагы процессы, активон бастдзинад Швецийы сæрдариуæгы иуæй-иу приоритет у.
Афтæма хъусдард здæхт æрцыд уыцы серьозон æртхъирæнты æрдæм, кæцыты æвзæрын кæны Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты æнæзаконон оккупаци, æнæ æрмæст Гуырдзыстонæн æмæ Сау денджызы регионæн, фæлæ ма æнæхъæнæй Европæйæн. Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хуъыддæгты министр шведаг коллегæйæне деталон информаци бадæтта Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионты æнæзаконон оккупацийы æмæ фактон анексмийы æрдæм арызт къахдзæфты уæззау фæстиуджыты фæдыл.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фембæлдыл сæрмагонд хъусдадр здæхт уыд оккупацион тыхтæ Гуырдзыстоны æмбæстаг Заза Гахеладзейы кæй фæцæф кодтой, æрцахстой æмæ йын ахсты æмгъуыд кæй адарддæр кодтой, уыцы уæззау цауы æрдæм. Давит Залккалиани бахахх кодта æхсæнадæмон æмгарады архайадон тыхархайды егъау нысаниуæг Заза Гахеладзейы æмæ оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны алы æмбæстагы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнынæн æмæ бузныг загъта шведаг фарсы æрдгæй æххуыс æмæ тыхайрхайды тыххæй.
Дыууæ бæстæйы фыццаг дипломатты фембæлдыл бахахх кодтой конфликты сабырадонæй аскуыддзагы политикæмæ Гуырдзыстоны хъæддых иузæрдыгдзинад.