Давит Залкалиани – Ангела Меркелы визит оккупацион хаххмæ уыдис уый бæлвырдгæнæг, цæмйæ Германи у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады серьозон фарсхæцæг
«Евроцæдисы иуæй-иу акæнæг бæстæйы лидеры Ангела Меркелы визит Гуырдзыстонмæ уыд иттæг нысаниуæгджын сигнал, ома Германи у Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæ фарсхæцæг» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, Германийы канцлеры визиты бахыгъдыгæнæн ныхасы рæстæджы.
Уый Федералон канцлеры визит схуыдта историонæй.
«Германийы канцлеры историон визит Гуырдзыстонмæ, фæцис. Евроцæдисы иуæй-иу акæнæг бæстæйы лидеры Ангела Меркелы визит Гуырдзыстонмæ уыд иттæг нысаниуæгджын сигнал, ома Германи , Гуырдзыстоны, афтæма, бæстæйы европæйаг æмæ евроатлантикон æвзæрсты æнæфæцудгæ фарсхæцæг у, цæмæй Германи Гуырдзыстоны сабырадон политикæйы æнцой дарæг у» – райхъусын кодта Залкалиани.
Йæ аргълæвæрдмæ гæсгæ, уый у ноджы иу сигнал цæмæй Германи æнцой дары реформæты æрдгæй, кæцытæ æххæст цæуынц бæстæйы демокративон институтты фæфидар кæнынæн.
«Канцлер Меркель дырысæй райхъцсын кодта, Гуырдзыстон экономикон реформæты æмæ райтынгы раст фæндагыл кæй лæууы уый.Мæнмæ гæсгæ Германиимæ дыууæфарсон ахастыты фарстатæ, афтæдæр регионалон расидтыты темæтæ, Гуырдзыстоны европæйаг æмæ евроатлантикон тырнынадтæ бæстæ цы расидтыты раз лæууы – уый æппæт зæрдыл даргæйæ иттæг нысаниуæгджын сты»- райхъусын кодта Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг.
Давит Залкалиани сæрмагондæй баныан кодта канцлеры визит оккупацион хаххы цур хъæумæ.
«Фæнды мæ банысан кæнын Ангела Меркелы вищит оккупацийы хаххы цурмæ, кæцы афтæдæр ахсджиаг бæлвырдгæнæн у, цæмæ Германи Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æнæфæцудгæ фарсхæцæг у. Канцлер студенттимæ фембæлдты æмæ дискусситы рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны територитæ оккупаицгонд сты, цæмæй уый кæддæриддæр фæзæгъы алкуыран Уæрæсейы Федерациимæ дыууæфарсон фембæлдты рæстæджы, æмæ уый цæмæй фæнысангонд æнæрастдзинад æнæруадзгæ у æмæ афтæ ма хъуамæ уа , цæмæй хъæуы ахæм къахдзæфтæ саразын цæмæй Гуырдзыстоны территориты деоккупаци сыххæст уа æмæ Гуырдзыстон уа æхсæнадæмон дзыллæйы боны фæткъы» – банысан кодта фæсарæн хъуыддæгт ы министр.
Уымæй уæлдай ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг райсгæ фæстиуæг экономикон æрдгæй. Уый дæнц у, Гуырдзыстонæн 150 милуан евро рахицæн кæныны фæдыл бадзырд бафыссын, зæххыбын газы æвæрæн арæзтадæн, афтæдæр инфраструктурон проектыты æмæ регионалон райтынгы æрдæм цæугæ проектыты сæххæстæн финансон æххуыс.
«Нæ гермайнаг партнертимæ бирæ интенсивонæй дæр ъуамæ æмгуыст кæнæм, Евроцæдисы æмæ НАТО-йы акæнæг бæстæимæ. Æнæ уыдон, цæй зæгъын æй хъæуы, махæн тынг зын уыдзæн фæнысангонд проуцессты интенсификаци скæнын.
Германийы канцлерæн раттам ноджы иу фадат йæхæдæг базонгæ уыдаит уыцы æнтыстджын процесстимæ, кæцытæ уагъд цæуынц Гуырдзыстоны, æмæ нын кæцыты руаджы ис бар зæгъын, цæмæй нын Германийы æрдгæй уыдзæн ноджы фылдæр æххуыс» -райхъусын кодта Давит Залкалиани.