Давит Залкалиани – АИШ-æн авторизацийы акт, нысан кæны Гуырдзыстоны роль, куыд АИШ-ы æмцæдисон æмæ партнер - афтæ
АИШ-ы хъахъхъæнынады авторизацийы акты, раззаг азтæй хъауджыйæ, Гуырдзыстоны фæдыл уагæвæрд гуырахстджын у, тынг мидисджын æмæ хахх кæны Гуырдзыстоны, куыд АИШ-ы æмцæдисон æмæ партнеры роль, – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæнхъуыддæгты министр Давит Залкалиани.
Фæсарæн хъуыддæгты министр куыд банысан кудта афтæмæй, Гуырдзыстон кастæуы Европæйы регионалон æдасдзинады контексты æндæр бæстæтимæ иумæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, нысаниуæгджын у, цæмæй АИШ-æ фидар кæны Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад, æдасдзинады æмæ Гуырдзыстоны йæ хъуыдыйы дары, куыд йæ националон интересты скæнæг хай –афтæ.
«Афтæдæр дзырдæуы иумæйаг ахуырты фылдæр арæхадыл, куыд Сау Денджызы, афтæ сурзæххыл. Документы банысангонд у, гом дуары политикæйы контексты Гуырдзыстоны гарзджын тыхты НАТО-имæ æмбынатиндзинад. Хъуамæ банысанæуа цæмæй Гуырдзыстоны фæдыл дзырдæуы уыцы сæры, кæцы хуыйны Уæрæсейы агрессийы бауромын. Растдæр ацы контексты кастæуынц Гуырдзыстон, Украинæ æмæ сæ хæдиргъæфхъомад фæтыхджындæр хауынц АИШ-ы националон интерестæм. Гуырдзыстонæн ис АИШ-ы æрдгæй æххуыс хæдиргъавæн хотыхтæй, антиракетон Джавелинты системæты балхæд. Нырма конкретикæ нæй, фæлæ нысаниуæгджын у бахахх кæнын, цæмæй АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстонмæ уыдзæн, хæдиргъæфхъомады фæфидар кæныны æмæ æдасдзинады æрдгæй æнцой», – райхъусын кодта Залкалиани.
Дональд Трамп АИШ-ы националон хъахъъæнынады авторизацийы актыл (FY19NDAA) рафыста къух. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фæнысанкæнинаг у, цæмæй акты ныффыстмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон, Европæйы æдасдзинады контексты, Сау Денджызы æмæ Балтийы бæстæтимæ иумæ, нымадмæ ист цæуы куыд АИШ-ы æмцæдисон æмæ партнер.