Давит Усупашвили – «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ «Националон Змæлд» бонæй-бон фыддæйрæй-фыддæр тохæ кæнынц кæрæдзиимæ æнæгъдауæй
Давит Усупашвили – «Гуырдзиаг Бæллицц»  æмæ «Националон Змæлд»  бонæй-бон фыддæйрæй-фыддæр  тохæ  кæнынц  кæрæдзиимæ  æнæгъдауæй

«Националон змæлды» æрдгæй  æртъхъирæны  тон, «Бæллиццы»  фарсхæцджыты æрдæм уыдис æнæруадзгæ  æмæ у  æнæзонд архайд,  кæцы хъуамæ  кæрон скæна «Националон змæлд» –  уый фæдыл  «Арæзтады змæлды»   президенттæм кандидат  Давит  Усупашвили  абон  уагъд брифингыл  райхъусын кодта.

Давит Усупашвили куыд  загъта  афтæмæй,   «Гуырдзиаг Бæллиццы» æрдгæй  ахæм  терминты  æрбайсын æмæ   æвзарæнон процессы цахæм дæр у фашизм,  холокост,  уый у æнæрмæст гуырдзиаг  политикæйæн  нæрайсгæ  сырх  хахх, фæлæ ма  æнæхъæнæй  адæймагады  стандартты тызмæг  хæлд у.

Æвзæрстыты  бон  æрбаввахсы  фоныл,  «Гуырдзиаг Бæллицц»  æмæ «Националон Змæлд»фылдæр фылдæр быцæу кæнынц  кæрæдзиимæ  æнæгъдау тохы, кæцы  цæуы  бæстæйы æмæ дзыллæйы хардзыл.  Фæстаг периоды  уыдон дарддæр кæнынц кæрæдзийæ  фыддæрдæр кæй  уый  бæлвырд кæнын æмæ ацы  процессы  ныридæгæн   ахызтысты  алы  сырх хаххыл кæцыдæриддæр уыдис.  Æнæмнгхъæугæ  у  алцыппæт бауромын» – райхъусын кодта Давит Усупашили.