Фыццаг Къаналыл абон   радон  дебаттæ  ацæудзысты
Фыццаг Къаналыл абон радон дебаттæ ацæудзысты

Абон, 8октябры   изæры  22:0 сахатыл  Фыццаг Къаналыл   ноджы иу  дебаттæ  ацæудзæн – ацы  хатт   кæрæдзийы ныхæй ныхмæ   рацæудзысты  президенттæм кандидаттæ   Каха Кукава  æмæ  Зураб Джапаридзе.

Каха  Кукава   дебаттæм расидтис  Саломэ Зурабишвилийы,  Григол Вашадзейы, Давит БАкрадзейы, Шалва Нателашвилийы, Зураб Джапаридзейы æмæ  Давит Усупашвилийы.  Кукава  йæ конкуренттæн  банхъарыд спайда  кодтаиккой  Фыццаг Къаналы   хъуыдиадæй  æмæ  рацыдаиккой  дебаттæм бæстæйæ  актуалон   темæтыл.

Æрнымад кандидаттæй  абоны дебатты  хзайад райсын, сразы ис  æрмæст Зураб Джапаридзе.

Бакой уын  кæндзыстæм   Фыццаг Къанал æвзæрстыты   хайадисæг кандидаттæн  дæтты  фадат,   кæрæдзийы  дебаттæм расидой  æмæ  разыдзинады  цауы,   цæттæ у   уыдонæн эфиры рæстæг  ратта.

Фыццаг ахæм  дебаттæ  ацыдысты  4  октябры.

Кандидатты  æмæ се  æвзарæнон штабты  хъусдардæн –  дебатты ауадзын  гæнæн ис   дыццæджы, 9  октябры   22:00 – 23:00  сахатыл;

Цыппæрæмы, 11  откбяры 22:00 – 23:00  сахатыл;

Къуырисæры, 15 октябры, 22:00 – 23:00  сахатыл;

Цыппæрæмы, 18 октябры 22:00 – 23:00  сахатыл;

Къурисæры, 22 октябры  22:00 – 23:00  сахатыл;

Дыццæджы, 23  октябры 22:00 – 23:00  сахатыл;

Цыппæрæмы 25 октябры  22:00 – 23:00  сахатыл.