Давит Усупашвили – адæм нын дзурынц, цæмæй Гуырдзиаг Бæллицц ивинаг у, Националон Змæлды хицауадмæ бауадзын та гæнæн нæй
«Арæзтады Змæлды» лидер, президенттæм кандидат Давит Усупашвили развæзаарæнон фембæлдтæ уадзы Ачъарайы. Абон уый уæлхох регионты æвзæрстгæнджытимæ фембæлд, изæры та йæ æвзарæнон программæ, фарсхæцджытæн базонгæ кодта Батумы фыссджыты хæдзары.
«Æнæкæсгæ æнæмбæрц уавæртæм, цæрджыты æхсæн бæрæг у равг, цæмæй фæлмæцыд сты абон цæ фæзыендтæ цæуынц уый æппæтæй, фæлæ сæ фæстæмæ æрыздæхын дæр нæ фæнды. Хуымæтæгæй æмæ бæлвырдæй куы зæгъон, уæд афтæ уыдзæн, Гуырдзиаг Бæллицц ивинаг у, Националон Змæлды та æрбауадзæн нæй, уый нын фæзæгъынц адæм. Ацы афон та нæ хъæуы президент, кæцы бæстæйы æрсабыр кæндзæн æмæ йæ ахизын кæндзæн арæзтады режиммæ» – райхъусын кодта Давит Усупашвили.