Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады раздæры министр, телекомпани «Формулайы» бындурæвæрæг, Давит Кезерашвили публикаци кæны фидиуæн.
Фидиуæны куыд дзырдæуы, афтæмæй уый хъавы цæмæй «ВВС»ы æрмæджы публикацигонд фактты фæдыл, барадон мæцъистæй спайда кæндзæн.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт цыбырæй райхъусын кæнон, цмæй мын нæй æмæ никуы уыд исты иумæаг ВВС-ы платформæйыл публикацигонд фæдагуырдон æрмæджы бавдыст а.х. колцентрты фарстаимæ. Нæкæсгæ уымæ, цæмæй Британийы Æхсæнадон Уацхæссæгы нымайын бæрзонд журналистон стандарты медиаæрæзæй, ай у уыцы цау, мæн тыххæй фарстатыл рауагъдадмæ мын куы фæзынд бирæ фарст. Абсолютон бæрнæй хъусын кæнын, цæмæй никуы райстон хайад ахæм схемæты, уый тыххæй нæ хъавын æнæхъусдардæй ныууадзын уыцы зиан, кæцы мын рхаста ацы æрмæг, уæлдайдæр, мæ ныхмæ Гуырдзыстоны хицауады æрдгæй куы æххæстæуы политизиргонд расттæрхон, мæ хайадæй арызт телекомпани «Формулайы» ныхмæ та, фæткдæттæг партийы æрдгæй кампанион равгы лæбурд цæуы, кæцы нымадмæ ист у æнæ иу æхсæнадæмон организацийы æрдгæй æмæ АИШ-ы паддзахадон департаменты хыгъдлæвæрды.
Спайда кæндзынæн алы барадон мæцъисæй, цæмæй Британийы Æхсæнадон Уацхæссæгы платформæйыл публикаицгонд æрмæгы, мæн тыххæй фактты æнæдырысзинад,а фтæ сæ æнæраст интерпретацийы фæстиуæгæн ист æвдисæйнæгты æнæрастдзинад сбæлвырд кæнон æмæ уымæн стыр рæстæг нæ бахъæудзæн. Афтæма, кæддæриддæр иу разагъдтон цæттæдзинад æмæ абон дæр цæттæ дæр, а.х. кол-центрты темæйыл Европаг бæстæты фææдагурæг структурæтимæ æмгуыстадмæ, уæлдайдæр, æмæ мæн, куыд политикон лыгъды уæвæг гоймагы, цæрæн ран растдæр Стыр Британи у, кæцыйы расттæрхоны системæйы нæфæсайгæдзинадмæ йæ зæрдæ никæмæн хсайы» – фыссы Давит Кезерашвили.
«ВВС» публикаци кæны журналистон фæдагуырды æрмæджытæ, кæцыты райхæлдтой европаг пенсионерты стъыгъды схемæ, æрмæст фæлывдмигæнæгон схемæйы организацигæнæгæй бавдыст у Давит Кезерашвили.