Давит Дондуа - Оккупацион режимты лидертимæ фембæлдтæй, Уæрæсе архайы æнæзакъонон оккупацийы фæстиуджыты легитимон скæнын
Владимир Путины, Цхинвалы æмæ Сухумы оккупацион режимты лидертимæ фембæлд у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады ныхмæ уагъд провокацион политикæы дарддæрдзу – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Дондуа.
Дипломаты хъуыдымæ гæсгæйæ, ахæм фембæлдтæй Уæрæсейы Федераци æнæнтыстæй архайы легитимонидзинадыл фæхæст кæна, Абхаз æмæ Цхинвалы регионты дæргъвæтин æнæзакъонон оккупацион архæйдты фæстиуджытæн.
«Фæнысангонд къахдзæфæй Уæрæсейы Федераци æнæнтыстæй архайы легитимонидзинадыл фæхæст кæна, Абхаз æмæ Цхинвалы регионты дæргъвæтин æнæзакъонон оккупацион фæстиуджытæ, сæ этникон ссыгъдæджы нымæцы цалдæр уылæн кæцыты ауагъдта Абхаз æмæ Цхинвалы регионы.
Æхсæнадæмон дзыллæ никуы æрфидаудзæн суверенон паддзахадæн йæ арæнты тыхон методтæй фæивын æмæ Уæрæсæйы æрдгæй æхсæнадæмон барадон системæйы бындур ракъахыны архйдтимæ. Мæнæ цæй тыххæй у æхсæнадæмон дзыллæ фæстаг дæс азы дæргъы иууон æмæ нæ ивы йæ принципондзин ахаст, иугæндзонæй сиды Уæрæсейы Федерацимæ, æхсæнадæмон барады нормæтæн æмæ принциптæн скад кæнынмæ, æмæ йæ домы Гуырдзыстоны территориты æнæзакъонон оккупаци кæрон скæнын.
Мах сидæм Уæрæсейы Федерацимæ, фæива 2008 азы цы æнæзакъонон уынаффæ рахаста Гуырдзыстоны æнæдихаг регионты а.х. хæдбардзинады фæдыл, æмæ кæронмæ сæххæст кæна , 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæй райст æхсæнадæмон хæсистытæ, æмæ акæна уæрæсейаг гарзджын тыхтæ Гуырдзыстоны территоритæй» – райхъусын кодта Давит Дондуа.
Уæрæсейы президент Владимир Путин, абон Кремлы фембæлд, оккупацигонд Абхазы де-факто лидер Рауль Хаджимбаимæ æмæ оккупацигонд Хуссар Ирыстоны де факто лидер Бибылты Анатолиимæ.