Давит Бакрадзе хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ сабыр протест уæдмæ дарддæр кæндзæн, цалынмæ хицауад кризис æрнымæг кæнынæн, конкретон къадзæфтæ нæ сараздзæн уæдмæ
«Лейбористон Партийы» офисы оппозицион партиты фембæлд фæцис. Политикъон тыхтæ, кæцытæ бæстæйы пропорцион æвзæрстытæ ауадзын домынц, ноджы иу хатт æркастысты архайадон план æмæ детæлттыл æрныхас кодтой.
Фембæлды фæуды фæстæ медийæн «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу лидер Давит бакрадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, партитæ зæгъгæ æрныхас кодтой цæмæй сабырадон протест адарддæр уыдзæн уæдмæ, цалынмæ хицауад йæ цæстытæ нæ ракæса æмæ кризис аскуыддзагæн конкретон къахдзæфтæ нæ сараздзæн уæдмæ.
«Сом 19:00 сахатыл сырæздзæн æмбырд Республикæйы фæзыл, кæцæй дæр сабырадн цыдæй ахиздзыстæм парламенты цурмæ. Акцийы хайадисджытæ æнæхъæн æхсæвы дæргъы баззайдзысты парламенты цур æмæ адарддæр уыдзæн дыццæджы сæумæрайсом дæр. Ай уыдзæн æнæхъæнæй сабырадон акци. Уымæй уæлдай ма, ацæудзæн цысыл акцитæ æндæр æмæ æндæр нысаниуæгы рæтты, локацитыл. Афтæмæй уыдзæн æвдыст уый, цæмæй ацы бæстæйы змæстытæ æрбахаста хицауады гæдыдзинад æмæ сабырад та æрхæсдзæн, пъæлицæй æмæ спецназты æххуысæй оппозици æмæ адæмы æркуырды игнор нæ фæлæ крзисæй раæцæуæны бацагуырд»- райхъусын кодта Бакрадзе журналисттимæ ныхасы.