Украинайы хицаугæнæг партийы «Адæмæн Лæггадгæнæджы» лидер, Давит Арахамиайы фидиуæнæй, зæгъгæ Украинайы фæнды райсын æдадсзинады гарантитæ æндæр бæстæтæй æмæ уымæй саразын «Сæрмагонд Украинаг НАТО».
«Фæнды нæ саразæм нæхи, украинаг НАТО, махæн ахсджиаг у цæмæй НАТО-ы стырдæр æмæ эффективон бæстæтæ нын баххуыс кæны агрессийы цауы» – райхъусын кодта уый.
Арахамиайы дзырдæй, НАТО-ы æртæ бæстæ – Турк, Германи æмæ Итали нырид сразы сты Украинайæн æдадсзинады гарантитæ раттын, фæлæ афтæдæр йæ дзырдæй, Украинайæн нысаниуæгджын у цæмæй ацы бадзырдмæ баиу уой Стыр Британи æмæ Иугонд Штаттæ дæр, уымæн æмæ «æнæ уыдон ахæм бадзырд бафыссан ницы пайда уыдзæн» .
Аразамиайы фидиуæнæй, ацы дыууæ бæстæйæ дарддæр Украинайæн афтæдæр ныаниуæгджын у Францы, Китайы æмæ Турчы хайад.