Давид Залкалиани – Гуырдзыстон ссис Аиш-ы сæйраг æнцойæ регионы æмæ йæ арæнты æддæйæ
Гуырдзыстон нæ сæйраг стретегион партнерæн, АИШ-æн ссис фидар æнцойæ регионы æмæ йæ арæнты æддæйæ – уый фæдыл АИШ-æм визиты рæстæджы райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-æм официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны райста иттæг нысаниуæгджын æрвитæггæгтæ æмæ æххуыс.
Фæсарæн хъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, сегасæй ахсджиаг уыдис АИШ-ы президенты уынаффæгæнæджы Джон Болтоны фидиуæн, кæцы æргомæй сфиксир кодта уый æмæ Гуырдзыстон у регионы лидер æмæ бæстæйы реформæтæ схуыдта дæнцонæй.
«Нысаниуæгджын фембæлд уыдис сенатор Грэммимæ, кæцы бæрзон аргъ скодта Гуырдзыстоны демокративон реформæтæн, кæцытæ уагъд цæуынц европæйаг æмæ евроа-атлантикон интеграцийы цæстæнгасæй», – райхъусын кодта фæсарæн хъуыддæгты министр.
Премьеры визит АИШ-æм дарддæр кæны. 20 сентябры плангонд у фембæлд Паддзахадон нымæрдар Майк Помпеоимæ. Мамука Бахтадзе хайад райсдзæн Ино-йы генералон ассамблейы 73-æм сессийы байгомы, уый фæстæ та дзырдæй ралæудзæн генералон дебатты хайадисджыты раз, гуырдзиаг æвзагыл.