Дагъистаны   гарзджын бырстыты фæстиуæгæн   фæмардуæвæг барадхъахъхъæнджыты  нымæц 15- онг райрæзт
Дагъистаны гарзджын бырстыты фæстиуæгæн фæмардуæвæг барадхъахъхъæнджыты нымæц 15- онг райрæзт

Дагъистаны  гарзджын  уæнгты координацигонд бырсты  фæстиуæгæн фæмардуæвæг «барадхъахъхъæнджыты»  нымæц 15-ы онг райрæзтис. Амард  цалдæр   сабыр æмбæстаг, сæ нымæцы  иу сауджын гоймаг.

«Абоны  теракты амæттаг 15-æй фылдæр    пъæлицæйаг ссис, кæцытæ   æхсæнгарщимæ  къухы  хæцыдысты   Дагъистаны  абырдзинады тыххæй», – райхъусын кодта  Дагъистаны  Республкæйы  къухдариуæггæнæг  Сергей  Меликов.

Меликов банысан кодта, цæмæй Дагъистаны  уавæры  хицауадон  уагдæттæ æмæ  барадхъахъхъæнджытæ контрол кæнынц.

Уыимæ  Дагъистаны   республикæйы   къухадриуæггæнæгы  фидиуæнæй,   оперативон  агурæн   æмæ фæдагурæн  мадзæлттæ   дарддæр кæндзысты, цалынмæ  бырстыты   хайадисæг   алы  гоймагы  не рцахсдзысты уæдмæ.   Дагъистаны   Республикæйы  къухдариуæггæнæг  куы райхæлдта  афтæмæй,    бырсджытæй  æхсæз ликвидацигонд сты.

Бакой уын кæндзыстæм,  бырст горæт Дербенты  уæвæг аргъуаны æмæ синагогæйы  сыххæст ис, афтæма  горæт Махачкалайы  уæвæг  синагогæйы æмæ фæндагон  пъæлицæйы  хайадтыл.   Горæттæ  кæрæдзийæ  120 километр дæрццæг сты.

Гуырысхогондты  хай, хæдтулгæйыл алыгъдысты. Дагъистаны   фæдагурæг   комитеты  департамент   тугтæрхоны барады   хъуыддаг   «террористон   бырсты»  статийæ акодта.  Фæстæдæр ахæлиу ис информаци,   ома Дагъистаны  Серго Калинскийы  рафоны  къухдариуæггæнæг   Магомед Омаров   горæт   Махачкалайы  æмæ  Дербенты   сæххæст  бырстыты  йæ лæппуты гæнæн æмхайады  тыххæй æрцахстой æмæ йæ  æрфарстмæ  аластой.

Дагъистаны  24, 25 æмæ 26  июн   маройы  бонтæ  сты.