«Дæу тыххæй» -Евроуынынад 2018 -ы дыгкаг æрдæгфиналы абон «Ириао» азардзæн
«Дæу тыххæй» -Евроуынынад 2018 -ы дыгкаг æрдæгфиналы абон «Ириао» азардзæн

«Дæу тыххæй» -Евроуынынад 2018 -ы дыгкаг æрдæгфиналы абон «Ириао» азардзæн

Евроуынынад 2018-ыл  Гуырдзыстоны номæй, къорд «Ирао»  рацæудзæн.  Къорды музыкалон   къухдариуæггæнæг  композитор  Давит  Малазония у,  кæцы  15 азы  дæргъы  Германийы  архайдта.

Къорд æххæст кæны уникалон музыкæ,  кæцы у джазы æмæ   гуырдзиаг  этномузыкæйы  симбиоз.  Къорды бындурæвæрæг  æмæ   музыкалон   къухдариуæггæнæг   Давит Малазониа нымад  цæуы иуæй-иу   фыццаг гуырдзиаг композиторыл, кæцы ссиу кодта  ацы дыууæ   жанры.   Уый 30 азы  дæргъы фыста музыка  Германи æмæ Гуырдзыстоны,  куыд театртæн, афтæ   телепроектытæн, хицæн музыкæархайджытæн  æмæ къордтæн.  Афтæдæр йæ инициативæйæ  бындурæвæрд æрцыд    ансамбль æмæ сын  сæ  дебют 2013  азы  стыр æныстытæ  æрхаста.

Лиссабоны   Евроуынынады  зарæджы конкусрсы   байгомы церемони ацыд.  «Уларвгъуыз  гауызыл»Гуырдзыстоны   кокурсанттæ , къорд  «ИРИАО»-ы  уæнгтæ  ныридæгæн ацыдысты.

10 майы  къорд  «ИРИАО»  кæсджыты раз  дыккаг æрдæгфиналон  туры  азардзæн.  Ацы аз Еврофестивалы  хайад исы 43  бæстæ.  Къорд «ИРИАО»  сæххæст кæндзæн  зарæг – «Шени Гулиствис» (Дæу Тыххæй).

 

Гуырдызстоны æмбæстæгтæн хъæлæс раттыны фадат финалон концертыл дæр уыдзæн.

Евроуынынады  зарæджы рæнхъæй 63-аг конкурсы фыццаг  æрдæгфиналон  шоу Лиссабоны абоны сырæздзæн, кæцыйы 19  бæстæйы  æвзæрст  музыкант  финалмæ  ахизынæн  стох кæндзæн.

Ацы аз  еврофестивалыл Гуырдзыстонæй  этно-джаз бенд «ИРИАО»  рацæудзæн, кæцы  дыккаг æрдæгфиналы азардзæн  10 майы.  «ИРИАО»  сæххæст кæндзæн зарæг – «Шени Гулиствис» (Дæу Тыххæй).

«Альтис Аренæйы» сценæйыл  дыккаг æрдæгфиналы  18 конкурсант исынц хайад.  Кæсджытæ æмæ  жюри  уыдонæй равзардзысты  сеппæтæй  хуыздæр дæсойы, кæцы  финалы азардзæн, 12 майы.