Евроуынынад 2018-ыл къорд «Ириао» рацæудзæн дыккаг æрдæгфиналы

2018 азы  Евроуынынады зарæджы  конкурсы   Гуырдзыстоны минæвар   къорд  «Ириао»   дыккаг   æрдæгфиналон  изæрыл   10 майы   концерты   дыккаг æрдæджы   азардзæн.

Уый  фæдыл  бæрæг ссис   халæппæрсты,   кæцы  Лиссабоны ацыд.

Халæппæрсты  размæ ацыд   официалон церемони,  кæцы рæстæджы дæр Киевы мер  Виталий  Кличко   Евроуынынады    тырыса  æмæ  дæгъæлтæ  адæтта Лиссабоны  мер Фернандо  Мединайæн.

Евруынынад  2018-ы   æдæппæт  43 бæстæ  исы  хайад.  Уыдонæй  фондз бæстæйы –  Стыр  Британи, Гемрани,  Итали, Францы æмæ  Испанийы   конкурсанттæ,   афтæдæр куыд фысым бæстæ Португали,  сæрмагонд   бæстæйы  номæй ралæудзысты æрмæстдæр  финалон этапыл .

Цыдæриддæр та  хъæлæскæнынады  процедурæтæм,  фæнысангонд æхсæз  бæстæйæ  Стыр Британи,  Испани æмæ  Португали  хайадисæг бæстæтæн   баллтæ   фыццаг æрдæгфиналы рæстæджы    ныффысдзысты.   Франц, Итали  æмæ  Германи  та,   дыккаг æрдæгфиналы.

Æрдæгфиналтæ    ацæудзысты 8 æмæ 10 майы, кæцыты  рстæджы фендзыстæм  37   бæстæйы  конкурсантты.

Фыццаг æрдæгфиналы  фыццаг хайы   рацæудзысты   Албани, Азербайджан,  Белорус, Бельгий,  Болгари, Чехи, Эстони, Исланди, Израиль æмæ Литвæ.

Дыккаг æрдæгфиналы  та  Сомихыстоны, Австрийы, Хорватийы, Финляндийы, Македонийы, Грецийы,  Ирландийы æмæ Швейцарийы  конкурсанттæ.

10 майы дыккаг æрдæгфиналы  фыццаг хайы  фендзыстæм – Австриалийы,  Данийы,  Норвегийы, Молдовæйы, Рпумынийы, Уæрæсейы, Сан-Маринойы,  Сербийы æмæ  Голландийы.

Дыккаг хайы та – Венгрийы,  Гуырдзыстоны, Мальтæйы, Монтенегройы,  Латвийы, Потшæйы, Совенийы, Швецийы æмæ Украинæйы.

Евроуынынад  2018-ы радæй 63-аг  конкурс, Павилиау Атлатикуйы  аренæйыл  ацæудзæн.  Финал 12 майы  сырæздзæн.

Евроуынынад  2018-ыл   Гуырдзыстоны  номæй рацæудзæн  къорд  «Ириао».  Къорды музыкалон   къухдариуæггæнæг  у  композитор Давит Малазониа,  кæцы 15 азы  дæргъы  архайдта Германийы.

Къорд æххæст кæны  уникалон музыкæ,  кæцы у джазы  æмæ гуырдзиаг  этномузыкæйы синтез.