Дæсæм æрсидты парламент фыццаг уалдзæгон  сесси бакæндзæн цæугæ  къуырийы
Дæсæм æрсидты парламент фыццаг уалдзæгон сесси бакæндзæн цæугæ къуырийы

Дæсæм æрсидты  парламент  фыццаг  уалдзæгон  сесси байгом кæндзæн цæугæ  къуырийы.   Регламентмæ гæсгæйæ,    уалдзæгон  сесси  февралы  фыццаг дыццæджы   байгом уыдзæн.  Растдæр 2  февралæй  сног кæндзæн  официалонæй  кусын  закъондæттæг оргæн.

Уалдзæгон сессийы  дæргъы   парламентмæ бавдыст уыдзæн цалдæр   уагдоны афæдзон хыгъдлæвæрд. Сæ нымæцы  премьер-министры, паддзахадон  æдасдзинады куысты,  паддзахадон аудиты куысты, генералон  прокурроры, адæмон хъахъхъæнæджы, паддзахадон  инспекторы хыгъдлæвæрд.

Афтæма уалдзæгон сессийы  фæлгæтты  байхъусдзысты  президентмæ  æмæ  гæнæн уыдзæн   интерпеляцийы  формат ауадзын дæр.

Регламентмæ гæсгæйæ,  уалдзæгон  сесси  æрыхгæд уыдзæн  июны фæстаг майрæмбон.