Иугонд Паддзахады Успаддзах Цыппурсон арфæйы хъусдард раздæхта гармонийы æмæ фидыды нысаниуæгмæ. Элизабет Дыккаг телевизион баздæхты рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй 2019 аз брекситы тыххæй, Стыр Британийæн тынг вазыгджын уыд.
93 аздзыд монархы дзырдæй, «проблемæтæм æнæкæсгæ, ныфсджынæй арызт чысыл къахдзæфтæ зындзинæдтыл фæтыхуын ис гæнæн». Элизабет Дыккагы цыппурсон сидт Уиндзоры кæнты ныффыстой, æмæ уыцы ныффыст Иугонд Паддзахады Æхсæнадон Телеуынынад ахæлиу кодта.
Стыр Британийы 12 декабры æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ ацыд. Фæстиуæгæн Консервативон Парти парламентмæ бацыд фылдæры хайæ. Иугонд Паддзахады премьер-министр, Борис Джонсон дзырд ратта, цæмæй Стыр Британий Евроцæдисæй 2020 азы 31 январы онг хъуамæ фæхицæн уа.