Цы уавæр ис Паризы Мады Майрæмы аргъуаны зынгирвæзты фæстæ [видео]
Паризы Мады Майрæмы аргъуаны зынгсирвæзтимæ цалдæр сахаты дæргъы тох кодтой.
«400 паризаг зынгвæдисон æбуалгъ зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Дыууæ полициаг æмæ зынгвæдисон райстой зиæнттæ»- хъусын кæнынц Паризы зынгвæдисон куысты.
Зынгирвæзты фæстиуæгæн аргъуаны хъæдæй уæлхæдзар æнæхъæнæй басыгъд, фæлæ зынгвæдисонтæ Паризы Мады Майрæмы аргъуаны структурæйы бынтон скуынæгæй аирвæзын бахъом сты. Уыйимæ иумæ, аирвæзын кодтой сæйраг реликвитæ – Царддæттæгы сындзæй венец æиæ Сыгъдæг Луйы туникæ.
«Ройтер» публикаци кæны къадртæ, цæмæй цы уавæр ис аргъуаны зынгсирвæзты фæстæ.