Цы домæнтæ хъахъхъæнгæйæ кусдзысты абонæй хæлцадон объекттæ, базартæ æмæ моллтæ - уыдæтты тыххæй райхæлдта куысты инспекцийы департамент
Гуырдзыстоны абонæй кусын сног кодтой гом тыгъдад кæцы хæлцадон объекттæн ис, уыдон. Афтæдæр байгом сты алы типы базарадон объекттæ, базартæ æмæ моллтæ.
«Куыд æй зонут, афтæмæй байгом сты гом типы ресторантæ, базартæ, моллтæ. Уыдонæн æнæнизхъахъхъæды министрады куысты инспекцийæ бæрæг сты æнæмæнгхъæугæ домæнтæ, кæцыть хъуамæ æххæст кæной. Ресторанты тыххæй куы зæгъæм, арæнæвæрд кæны уй, æмæ фынгты æхсæн хъуамæ уа дыууæ метры бæрц дистанци, бандæтты чъылдымтæ та кæрæдзийæ хъуамæ лæууой 1 метры дистанцийыл. Нысаниуæгджын у, цæмæй иу фынгыл æхсæз адæймагæй фылдæр ма хъуамæ бада. Афтæдæр бæрæг сты домæнтæ цæлгæнæнмæ гæсгæ. Спеицалон дезинфекцион фæрæзтæ сты æнæмæнгхъæугæ. Моллты тыххæй куы зæгъæм, уæд уый тыххæй цæмæй æхгæд тыгъдад у, уым архайынц вентилляцийы специалон домæнтæ. Хъуамææ уа сыгъдæг, æддæйæ æрбайсгæ уæлдæф, бæлвырд 40 процентæй фылдæр. Базарты та, хъуамæ уа иумæйаг бацæуæн æмæ рацæуæн, æмæ ххæст хъуамæ цæуа термоскрининг. Афтæма, æнæмæнгхъæугæ у тæрхæгыл арызт уа барьертæ, кæцы фæкаддæр кæндзæн контакт», – банысан кодта Бека Перадзе.