«CNN» -  Регистрацигонд æвзæрстгæнджыты фылдæры хай нымайынц, цæмæй теледебатты  хуыздæр ралæуд уыд Дональд Трампæн
«CNN» - Регистрацигонд æвзæрстгæнджыты фылдæры хай нымайынц, цæмæй теледебатты хуыздæр ралæуд уыд Дональд Трампæн

«CNN»-ы информацийæ, регистрацигонд æвзæрстгæнджыты фылдæры хай, кæцытæ  президент Джо Байдены  æмæ Республикаг  кандидат Дональд Трампы дебаттæм кастысты,  нымайынц, цæмæй  дебаттæн  Донльд Трамп   хуыздæр бахъом ис.

Рафарст респондентты  67% дзурынц, цæмæй  Трамп  сæрмгаонд позицитæ  бирæ карздæр  равдыста, 33% та  хъуыды кæнынц, цæмæй  уый  Байден хуыздæр сарызта.

Рафарст респондентты 57% нымаынц, цæмæй уыдон не æууæндынц Бапйдены фадæттыл, фæтк  дæтта бæстæйæн, æрмæст 44% хъусын кæнынц, цæмæй  ацы æрдгæй  уыдон не æууæндынц  Трампыл.  Ацы æрдгæй  бæрзонд бæрæггæнæн иунæг кандидатæн дæр нæй, фæлæ  дебатты кæсжыты  36% дзурынц, цæмæй  уыдон  бæстæйы  хицаудзинады  Дональд Трампыл æууæндынц, æрмæст 14% та  ацы  æрдгæй  æууæндынц  Джо Байденыл.

«CNN»-ы рафарст текстон  хъусинагæты  фæрцы  565 регистрацигонд америкаг   æвзæрстгæнæгы æхсæн ацыд.