CNN - АИШ-ы президенты раздæры уынаффæгæнæг хъусын кæны, цæмæй йын Дональд Трамп зæгъгæ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты дæс азы сæрыл, критикон фидиуæн саразыны бар нæ ратта
АИШ-ы президенты раздæры уынаффæгæнæг Джон Болтон хъусын кæны, цæмæй йын зæгъгæ Дональд Трамп, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты дæс азы сæрыл, критикон фидиуæн саразыны бар нæ ратта. Уый фæдыл дзырдæуы Болтоны чиныджы номхуындæй «Къуым цы ран уый æрцыд». Информацийы хъусын кæны «CNN».
Болтон афтæдæр фыссы, цæмæй Дональд Трамп, сæрмгаонд ныхасы рæстæджы Уæрæсейы ныхмæ уагæвæрд санкциты тыххæй хъаст кодта, фæлæ æргомæй та санкцитимæ разы уыд.
Чиныджы мидæг афтæдæр дзырæдй, цæмæй АИШ-æ Солсберийы Сергей Скрипалы æмæ йæ чызгы фæмаргджын кæныны хъуыддаджы тыххæй, Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ куы сфидар кодта, уыдоны аивын фæндыд Трампы, уымæн æмæ нымадта, цæмæй ахæм ахаст Владмири Путинмæ æгæр тызмæг у.
«Трамп бахæс кодта Помпеойæн,Лавровмæ фæдзурын æмæ зæгъын, цæмæй кæцыдæр бюрократ публикаци скодта санкцитæ – телефонæй ныхас сырæзт æви нæ бæрæг нæу» – фыссы Джон Болтон.