«CNN» - Æрцæут Гуырдзыстонмæ Путины  фыддæрадæн
«CNN» - Æрцæут Гуырдзыстонмæ Путины фыддæрадæн

Æрцæут Гуырдзыстонмæ Путины  фыддæрадæн –  ахæм сæргондæй  статийы публдикаци кæны «CNN». Авторон фарсыл Уил  Кеткарт  æрсидтис бæлццæттæм, æнæмæнгæй  фæуазæг уой  Гуырдзыстонмæ.

«Зынаргъ   бæлццæттæ,  сæн-аргъгæнджытæ, денджызы былгæрон улæфт уазджытæ,  романтиктæ æмæ историктæ –   сидын алкæмæ, чидæриддæр   цауагурæг стут æмæ   хуымæтæгæй  кæй  фæнды  уыдонмæ, Путинæн  разнаггад  кæнут, Гуырдзыстонæн  уе ‘ххуыс  æнæмæнгхъæугæ у. Кæд искуы ахъуыды кодтам  Сау Денджызы  былыл,  Турк æмæ  Уæрæсейы   æхсæн  уæвæг   ацы  чысыл  бæстæйы   фенын,   уæд ацытæккæ  у  сегасæй   хуыздæр афон.  Сидын уыдонмæ,   чидæриддæр ныридæгæн уыдис  Гуырдзыстоны, афон у  фæстæмæ  æрыздæхат» – фыссы  журналист.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон нырид иу  къуырийæ  фылдæр  у нæ лæууынц протестон акцитæ,  кæцытæ райдыдтой  бæстæмæ  уырыссаг  политикъы визиты  фæстæ.   «ФÆлæ  ацы акцитæ  не  сты  уырыссаг  адæмы ныхмæ» – фыссы  Уил Кеткарт.  Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,   æнæкæсгæ  уый æппæтмæ Путин   Уæрæсейæ   Гуырлдзыстонмæ  тахтытæ   фæуромыны   барамынд адæтта. «Уæрæсенйы  Думайы   сæрдар  гуырдзиæгтæн визæты  фæмацы кæныны  фæныхас  кодта, æрмæст «Роспотребнадзор» гуырдзиаг  сæны   импорты  фæурæд дæр нæ ацух  кодта» –  дзырдæуы  статийы.

«Протестон акциты  дзуаппæн  путин   архайы   бафæхар,  йæ дæлбар бакæна æмæ  фæкъотри кæна гуырдзиаг  адæмы,  кæцы  хицауадæн  раст  дзуры. Бафхæра  æмæ фæкъотри кæна   цæмæй  гуырдзиаг адæм   пайда кæны сæрмагонд барæй,  сæрибарæй  æрымбырд уа, равдиса сæрмагонд хъуыды æмæ  раппара   сæрмагонд парламенты  сæрдары,  кæцы  куыстуагъды  тыххæй   райхъусын кодта,   деомнстранттæ  уый  куы æрдомттой  уæд» – фыссы   автор.

«Уил Кеткарты   дзырдæй,  Уæрæсеый  президент   уый  аразы  уый тыххæй,  цæмæй  йæ нæ фæнды   аналогион протест  Уæрæсейы  дæр райдайа.  «Путины фæнды,  сфыдуынд кæна  реалондзинад, цæмæй   бауырнын кæна  уырыссæгты, цæмæй  демонстрацитæ   русофобион равг хæссынц» – дзырдæуы  статийы.

«Рæстдзинад  комплексон у, фæлæ уый  бамбарын зын  нæу.  Гуырдзиæгты  фæнды  сæрмагонд зæххытæ æрыздахын. Фæнды сæ  уазджытæн бамбарын кæнын, цæмæй гуырдзиæгтæ сæ  фыдыбæстæйæ  тынг  сæрыстыр сты.  Гуырдзыстоны  оккупацион  историй  риссаг æмæ иуæй-иу  хатт  тынг мæстаг дæр у. Фæлæ гуырдзиаг адæм  уый тыххæй  абон æргомæй ныхас кæны, уымæн  æмæ сæм  хъуыды  равдысты сæрибардзинад ис.  Растдæр  сæрибардзинад   тæрсын кæны Путины,  цыфæнды  æфсадæй  фылдæр» –  дзырдæуы  «СNN»   веб-фарсыл   публикацигонд  статийы.

Автор банысан кодта, цæмæй  гуырдзиаг  адæмæн серьозон  æнæразыдзинад ис  КРемлимæ,  фæлæ  уый не æххæссы  уырыссаг  адæммæ.  «Уырыссæгты  Гуырдзыстоны  тынг  хъарм исынц кæддæриддæр.  Фæлæ уырыссаг танкъытæн  æмæ æфсæддæттæн  цæй зæгъын æй  хъæуы  цинæй не мбæлынц»- дзырдæуы  статийы.

«Гуырдзиæгтæ сæхи евртопæгтыл нымайынц, фæлæ  уырыссаг культурæйæн цыт  кæнынц. Уырыссаг æвзаг, литературæ,  фильмтæ æмæ  балетæн бæрзонд аргъ  кæнынц.  Реалонæй,  гуырдзиаг æмæ уырыссаг адæммæ  абон фылдæр иумæйаг ис,   раздæримæ абаргæйæ.  Дыууæдæр, Гуырдзыстон æмæ  Уæрæсе дæр   оккупацигонд сты  Путины æмæ  йæ  коррумпиргонд  æмцæдисонты  æрдгæй»-фыссы  УИл Кеткарт.

Статийы  банысангонд у, цæмæй   Гуырдзыстонæн æххуыс къух  адæттой  æнæ иу  ныгуылæйнаг   падддзахады  минæварадтæ, сæ  нымæцы  АИШ-ы   дипломативон мисси,  кæцы  социалон медийы  фæрцы   сиды  алкæмæ,  Путины тобæдзинадмæ æнæкæсгæ   фæуазæг уой  Гуырдзыстонмæ.

«Кæд афтæ  бирæтæ  араздзысты, уæд Путины планæн уыдзæн зыгъыммæ  эффект афтæ  куыд  2006 азы. Махæн  чидæриддæр Гуырдзыстоны, планетæйыл сеппæтæй  стыр æмæ  саузæрдæ бæстæйы   аууоны  цæры, райдайгæ кампани  солидарондзинады  дæнц у.  Гуырдзыстоны фарсхæцын   Евроцæдисы  ( организацийæ  æндæр уæнгтæ  куы  цух к æнынц уæд)  æмæ НАТО-йы  æрдæм рекордон  нысæнттæм ахæццæ ис.. Фæлæ  Дыууæдæр организацийы, Гуырдзыстонæн æххуысы  æмæ  арфæмæ æнæкæсгæ, Уæрæсейы  уæлæндæвдæй   уæддæр къуымы  сты. Æнæкæсгæ сæ ивгъуыды  дзырдлæвæрдты, бæрæг у, цæмæй  сæ  иунæг  дæр  не змæлы  Гуырдзыстонæн баххуыс кæнынæн, фæлæ  Гуырдзыстонæн   баххуыс кæнын сæ  бон у  ацы  организациты  уæнг  бæстæты  æмбæстæгтæн. Иунæг, цæй саразын дæр хæъуы  уы –  Гуырдзыстонмæ ныццæуын» –  фыссы   статийы  автор.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  сæдæгай азты  дæргъы  Гуырдзыстонмæ æнæ иу  импери  бабрыста, фæлæ зæгъгæ Гуырдзыстон уæддæр аирвæрзт.

«Гуырдзиæгтæ  зонынц  куыд равзарын хъæуы   æмбæстæгты æмæ  сæ хицауады.   Уый  у  скуыддзаггæнæг   оккупацийы  уавæрты  хиаирвæзын кæнынæн. Нæу  уæлдай кæцæй  стут,  Мæскуыйæ, Милуокийæ æви  Могадишойæ, ныр  сымах Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ  стут.  Гъе  раттæм дзуапп   Путинæн  æмæ йæ   саузæрдæ тобæдзинæдтæн.  Уæ мондæгтæ сисут  иттæг  рагон  историйы  сæнæй æмæ инновацион  хæринæгтæй.  ССарут   хæрзаив  бæстæ, зæрдæскъæфæг  Кавказы  хæхтæй æмæ  активон  Сау Денджызы  былгæронæй. Уымæй  сымах  чысыл  гуырдзиаг демократийæн баххуыс  уыдзысты  рæзынады, йæ  ныхмæ  слæудзыстут   геополитикъон  æлхъиваг  Кремлы  политикъæйæн  æмæ  уæ  цæрæнбонты   сегасæй  хуыздæр рæстæг  арвитдзыстут.  Афтæ  куыд  3,7 милуан  гуырдзиаг,  æз дæр цæттæ дæн,  уемæ  фембал уон» –  фыссы   статийы  автор.