CNBC – Дональд Трамп, бонджын америкæгты æууæнк сафы

АИШ-ы  президент  миллионерты  æууæнк  сафы.  Америкаг телекомпани CNBC-ы  уагъд   миллионерты  рафарстмæ гæсгæйæ,  зæгъгæ  абон  æвзæрстытæ  ис,  бæстæйы миллионерты  34 процент   Трампеæн нал схъæлæс кæнид.  Ацы бæрæгггæнæн  амоны  цæмæй Трамп   йæ фарсхæцæг   миллионерты иу  æртыккæгæм хайæ  фылдæо   фесæфта.

АИШ-ы  2020 азы  парезидентон æвзæрстыты онг ма нырма   стæр рæстæг ис, фæлæ  CNBC-ы  миллинерты  рафарст  æвдисы,  Трампы позицитæ  банкъаринагæй  кæй  фæлæмæгъ сты уый.

Рафарстмæ гæсгæйæ,  Трампæн æууæнк,  бонджын республикæгты æрмæст  62  процент  сиды. ИРтасæн  7-19 ноябры  периоды   ацыд  æмæ 750   респонденты рафарстой.

Рафарст миллионерты 20 процент (сæ нымæцы  республикаг  миллионерты  18 %)  нымайынц,  цæмæй  2020 азы  æвзæрстыты   Трамп  республикæгты  кандидатæй  мауал  хъуамæ  бавдыстæуа.

Америкаг миллионертæ  электораты иттæг  нысаниуæгджын  æмæ активон  фæлтæр сты. Сæ 96 процент  дзурынц, цæмæй   ноябры  уагъд  астæуккаг  æзæрстыты  хайад истой.

Цыдæриддæр та демократтæм æххæссы, рафарстгондты  28  процент  хъуыды кæнынц,  цæмæй  демократты  кандидатон номинацийы  рамбулдзæн  раздæры  вице-президент  Джо Байден.

Рафарстгонд демократ  миллионерты  54  проценты  æмæ  хæдбар   респондентты  28 процент, Трампы офисæй  ратæрын  хонынц  номыр фыццаг приоритетæй,  фæлæ йæ  кæмæй  фæивой  уый нырманæ  зонынц.

ИРтасæны фæстиуджытыл æнцойæ,  CNBC хъуыды  кæны, цæмæй  Трамп  гæнæн ис  амбула  2020  азы   праймеры,  кæнæ та тыхыбын бауа  бынтон  æмгъуыдагъоммæ ныууадза  йæ пост.