CIA-ы къухдариуæггæнæджы дзырдæй, рагысгарæгон бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Уæрæсе нæ план кæны тактикон атомон хæцæнгарзæй архайын
АИШ-ы централон рагысгарæг агентады (CIA) хистæр Уильям Бернсы дзырдæй, зæгъгæ Владимир Путины «нæ уырны цæмæй йæхицæн рпатдзæн бар Украинаимæ хæсты саст баййафа». Уый фæдыл информаци хъусын кæны «CNN». Уильям Бернсы дзырдæй, зæгъгæ Украинайы хæсты дыккаг фазæ, фыццагæй фылдæр риск хæссы, уымæн æмæ Владимир Путин стыр мыздæвæрд скодта æнтстытмæ баххæссынæн.
«Уый ныр ахæм уавæры ис, æмæ йæ нæ уырны, йæхицæн Украинаимæ хæсты саст баййафыны бар кæй ратдзæн уый. Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, уый уырнæг у, цæмæй тыхайрхайд фæдывæр кæныны фæрцы йын прогрессы фадат фæзындзæни» – райхъусын кодта Бернс.
Бернсы дзырдæй, зæгъгæ хæсты дыккаг фазæйы конфликты атомон быцæудзинадмæ ахизыны рискæн аккаг аргъ не скæнын гæнæн нæй, уымæ нæкæсгæ æмæ рагысгарæгон бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Уæрæсе нæ план кæны тактикон атомон хæцæнгарзæй архайын.
Афтæма Бернсы дзырдæй, зæгъгæ Украинайы Уæрæсейы хæстмæ активон йæ цæст дары Китай æмæ архайы, æмбæлон хатдзæгтæ рахæссын, цææмй кæд æмæ куыд сыххæст кæна сæрмагонд амбицитæ Тайван бацахсынæн, цы ран гæнæн ис æнгæс сценраийæ спайда кæна.