Чилейы  хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты ныæц 112-ы онг райрæзт
Чилейы хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты ныæц 112-ы онг райрæзт

Чилейы хъæды  зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 112-мæ схызт, сæдæгай адæймаг та æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл цæуы нымад. Фæнысангонды фæдыл  информаци агентад «Ройтер» публикаци кæны.

Чилейы президент  Габриел  Борич дууæбонон  националон  хъынцъым расидтис.

Уыимæ Чилейы  хицауад  зиангонд районты коменданты сахат  æрбайста.  Зынгсирвæзты фæстиуæгæн  зиангонд сы 1000-æй фылдæр  цæрæн хæдзар,  сыгъд у 8000 гектарæй фылдæр фæзуат. Зынгхуыссынгæнджытæ  æфсæддæттимæ иумæ,  зынгсирвæзты дæсгай артдзæст ахуыссын кæнын архайынц.

Чилейы мидхъуыддæгты министр Кролина Тоха куыд хъусын кæны афтæмæй, бæстæ сегасдæр æбуалгъ катастрофæйы раз лæууы  2010 азы  зæххæнкъуысты фæстæ, кæцыйы амæттаг ссис 500-ы онг адæймаг.