Чехы, Польшæйы æмæ Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ, Скæсæн Партнерады фæдыл статий публикаци кæнынц
«Скæсæн партнерады» уæнг бæстæтæн, кæцыты æхсæн ис Гуырдзыстон дæр, ис сæм фадат баввахс уæт Евроцæдисмæ сæ амбицитæм æмбæлгæйæ, кæд хъæугæ реформæтæ ауадздзысты уæд. Уый фæдыл дзырдæуы, Швецийы, Польшæйы æмæ Чехы фæсарæн хъуыддæгты министрты иумæйаг фыстæджы, кæцы украинаг рауагъдад «Европейская Правдайы» æрцыд публикацигонд.
Фыстæг Скæсæн партнерады бындурæвæрдæй дæс азы сæрмæ нывонд у. 2019 азæн ис сæрмагонд нысаниуæг Евроцæдисы æмæ йæ скæсæйнаг сыхæгты æхсæн ахастытæн – Сомихыстонимæ, Азербайджанимæ, Белорусимæ, Гуырдзыстонимæ, Молдовæимæ æмæ Украинæимæ. Цæугæ азы мидæг мах æцæгæй дæр активон форматы «Скæсæн Партнерады» дæс азы сæр банысан кæндзыстæм. Нæ зæрдыл дарæм алы мидтыхст кæцыйы рахатыдыстæм «Скæсæн партнерады» бындурæвæрды фыццаг азты. Уыдис уый уырнынад цæмæй æцæгæй дæр самайдзыстæм цыдæр ног, кæцыйæн уыдзæн трансформацийы потенциал. Фæлæ уæд дæр бирæ уыдис ахæм, кæцы не нхъæлдта, цæмæй партнерад регионы исты ивдтытæ æрхастаит. Ивгъуыд азты дæргъы «Скæсæн партнерад» æнæ æрмæст бахъом ис уымæн, фæлæ ма рахъомыл ис æмæ ноджы фылдæр райтынг ис, мах цæй æнхъæл уыдыстæ уымæй фылдæр» – дзырдæуы Евроцæдисы æртæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты минстрты фыстæджы.
Статийы банысангонд у, цæмæй скæсæн партнерад йæ зæрдыл дары йæ алы хайадисæгы интерестæ æмæ хъæугæдзинæдтæ.
Европаг дипломаттæ дзурынц, цæмæй Евроцæдис æнцой дары реформæтæн уæвæг фæстиуджытæм æмбæлгæйæ. «Патрнерты амбицитæ мах сбарæм прогрессы æмæ политикъон субъектиондзинады призмæйæ» – дзырдæуы статийы.
«Ныфс нæ ис, цæмæй паддзахадтæ кæцытæ райхъусын кодтой се стыр амбициты тыххæй, сæххæст кæндзысты реформæтæ, Евроцæдисмæ сæ разыгонд хæситытæм æнæкæсгæйæ. Уый фæстиуæгæн та фылдæр райсдзысты. Æрмæст уыдон.Ю чидæриддæр къаддæрмæ баххæссыд – райсдзысты къаддæр» – банысангонд у Швецийы, Польшæйы æмæ Чехы фæсарæн хъуыддæгты министрты иумæйаг фыстæджы.