Чехийы премьер, Ираклий Гъарибашвилийæн прeмьер-министрæй снысан арфæ кæны
Чехийы премьер-министр Андрей Бабиш Ираклий Гъарибашвилийæн пермеьр-министры бынатыл сфидар кæнын арфæ кæны.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, официалон арфæйы Чехийы премьер бахахх кодта Гуырдзыстонимæ хæларон ахастытæ æмæ бæлвырд кæны фарсхæцын бæстæйы демократон хæзнаты хъахъхъæд æмæ евроатлантикон интеграцийы хъуыддаджы.
«Бæрзонд аргъ кæнын позитивон, хæларон ахастытæн Чехийы Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн. Ныфс мæ ис ацы ахастытæ фидæны фæарфдæр уыдзысты иумæйаг интересты алы сферæйы. Бæлвырд уын кæнын Чехийы Республикæйы æрдгæй Гуырдзыстоны реформæтæн æххуысы, сæрмагондæй законы сæйрагдзинады æмæ демократон аргъдзинæдтæ хъахъъхæды, афтæма евроатлантикон интеграцийы æрдгæй. Мæ зæрдæ уын æнтыстытæ зæгъы уæ бæрнон куысты», – банысангонд у Чехийы премьер-министры официалон арфæйы, кæцыйы текст ахæлиу кодта Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.