Чехийы химион амалиуæгы рæмыгъды фæстиуæг зиан ис
Чехийы, химион амалиуæгы рæмыгъды фæстиуæг æхсæз адæймаг фæмард æмæ цалдæр фæцæф. Информаци чехаг радио парахат кæны. Цау горæт Кралупинад Влатовойы æрцыд.
Бынатыл мобилизгонд сты æххуысгæнджытæ æмæ медицинон æххуысы бригадæтæ. Цæфгондты нымæц нырма æнæзонгæ у. Рæмыгъды аххосаг нырма не сбæлвырд ис.
Горæты мэры раисдæнмæ гæсгæ, ацы этапыл æнæзонгæ у, кæцы химион æрмæг срæмыгъта, фæлæ йæ ныхасмæ гæсгæ, зынгирвæзт локализгонд у æмæ горæт цæрджытæм тæссагдзинад нæ æртхъирнæ кæны.