Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министрад – Гуырдзыстоны æмбæстагон æхсæнады фарсмæ лæууæм, сидæм хицауадмæ фæуромой фæдагуырдтæ æмæ ссæрибар кæной уазалгонд финансон фæрæзтæ
Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министрад дзуапп дæтты Гуырдзыстоны авд æнæхицауадон организацийы хыгъдты æрурæды фæдыл.
Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд нысан кæнынц афтæмæй, уыдон лæууынц Гуырдзыстоны æмбæстагон æхсæнады фарс.
«Æнæхицауадон организацитæ æххæст кæнынц æнæивгæ роль алы бæстæйæн, кæцыйы Чехи зоны йæхи фæлтæрддзинадæй.Мах лæууæм Гуырдзыстоны æмбæстагон æхсæнады фарс æмæ сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, фæуромой фæдагуырдтæ æмæ ссæрибар кæной уазалгонд финансон фæрæзтæ» – фыссы Чехийы æттаг хъуыдтæгты министрады социалон хызæгты.
Уæ зонындзинæдтæн, цалдæр æнæхицауадон организацийы банчы хыгъдтæ æрæхгæдтой прокуратурæйы цæугæ фæдагуырды фæлгæтты. Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, фæдагуырд хауы саботажмæ, уæззаугæнæг уавæрты диверсийы бафæлвæрдмæ, фæсарæйнаг организацийæн кæнæ фæсарæйнаг контролы бын организацимæ знаггадгæнæг архайдтыты æххуысмæ æмæ Гуырдзыстоны конституцион фæтк æмæ националон æдасдзинады бындуртæм здæхт архайдтытæн æхцайы мобилизацимæ. Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, фæдæвзарæн сбæлвырд кодта, цæмæй сæрмагонд фæрæзтæй барадхъахъæнджыты ныхмæ тызмæг архайдтытæ æххæстгæнæг демонстрацийы хайадисджыты ифтонггарз координацион уагæй, се æхсæн æнæхицауадон организациты æхцайы фæрæзтæй сыххæст ис.