Централон автомагистралыл аварийы рæстæджы зианбаййафæг æртæ пациент, реанимацион хайады хуыссынц
Централон автомагистралыл   аварийы  рæстæджы зианбаййафæг  æртæ пациент, реанимацион хайады  хуыссынц

Централон автомагистралыл   аварийы  рæстæджы зианбаййафæг  æртæ пациент, Мцхетайы «Джео Хоспиталсы» реанимацион хайады  хуыссынц.

Уæлвæтк уавæрты, координацийы æмæ  æнæаргъæвгæ æххуысы   центры директорты Автандил   Талакъвадзейы   информацийæ,   Мцхетамæ æрвыст  4 пацентæн æнæаргъæвгæ операци  сырæзт.  Се ртæ  хуыссынц  реанимацион хайады.

Талакъвадзейы информацийæ,   æртæ пациенты уавæр уæззау у, фæлæ  сæ цардмæ тас не ртъхъирæн кæны. Дохтырты  хъусинагæй,   иу æнахъомы  знон  рафыстой,  æрмæст дыууæ   пациенты та клиникæйæ  абон  рацæудзысты.

«Знон автоаварийы ф æсиуæгæн,   13 адæймаджы  госпитализаци сæххæст  клиникæтæм,   сæ нымæцы  æхсæз  æнахъомы æмæ   авд  æххæстаздзыды.  Дыууæ æнахъомы  сæхæдæг баыдысты клиникæмæ.,   кæцытæй   иуы знон рафыстой,  иннæ  пациенты дæр абон  изæры  ауадздзысты  хæдзармæ.

Цыдæриддæр та Мцхетайы  уæвæг пациенттæм æххæссы,   цыппар æхххæстадзыдæн сырæзт операцитæ, ныры  уавæрæй се ртæ  уæвынц реанимацион хайады, сæ цардмæ тас  не ртъхърæн кæны, фæлæ  уæззау  уавæры  сты» – райхъусын  кодта  Талакъвадзе.

Тбилисы  æрдæм цæуæг  бæлццонон автобус,  Фермайы  хæъуы  цур   уæзласæг  автомобилы  знон   ныццавдта. Аварийы  рæстæджы  фæмард иу  æвзонг, 1992  азы гуырд  нæлгоймаг, æрмæст зиæнттæ та райстой  13  адæймагæй.

Фыццаг Къаналæн мидхъуыддæгты  министрады куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,   æрцæугæйы  фæдыл райдыдта  фæдæвзарын  тугтæрхоны  барады кодексы  276-æм статийы  5-æм хайæ,  кæцы  йæ хъуыдыфйы  дары  тарнспорты  змæлды  дадсзинады  кæнæ эксплуатацийы  фæткъæвæрд саст,  кæцы расидтис  адæймаджы  царды  скуынæг.