«Фæстæмæ райсæм нæ хъæлæс» – ахæм номимæ Централон æвзарæн къамисы бæстыхайы цур сылгоймæгтæ уадзынц протестон митинг. Митингы хайадисджыты ‘хсæн ма ис сылгоймаг политиктæ дæр.
Митингы архайджытæ бафæлвæрдтой Централон æвзарæн къамисы бæстыхаймæ бацæуын, фæлæ сын барадхъахъхъæнджытæ бар нæ радтой.
Барадхъахъхъæнджытæ æмæ митингы хайадисджыты æхсæн ныхмæлæуд æмæ дзыхы ныхæстæ фæстæдæр ЦÆК-мæ хæстæг кулдуар пъæлицæйæгтæ сæхгæдтой. Митинджы архайджытæ цалдæр хатты бафæлвæрдтой кулдуар байгом кæнын.
Митингы хайадисджытæ фæнд кæнынц индивидуалон куырдиатимæ бадæттын ЦÆК-мæ æмæ домынц ногæй æвзæрстытæ.