Цавæр процедурæтæ рацæуын бахъæудзæн Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы Германийы, Францы, Латвийы, Лиетувæ æмæ Эстонийы æмбæстæгты
Æхсæнуагдонон координацион советы уынаффæйæ, Гуырдзыстон ацы этапыл арæнтæ æнæуæлдайныхасæй байгом кæндзæн фондз бæстæйæн. Уый фæдыл премьер-министры уынафæгæнæг Ираклий Чиковани райхъусын кодта брифингыл.
Фондз бæстæйы æмбæстæгтæн/резиденттæн сæ бон уыдзæн цыфæнды хуызы визитæй Гуырдзыстонмæ æрмæстдæр комкоммæ уæлдæфон фæндагæй æрцæуын.
«Уымæй уæлдай, Гуырдзыстоны арæныл рахизыны онг уыдон хъуамæ баххæст кæной сæрмагондæй бакуыст специалон электронон анкетæ, кæцыйы мидæг хъуамæ бавдисой æрбацыды онг 14 боны дæргъы балцы истори, Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы цæрыны бынат, контактон информаци æмæ æнд.
Афтæдæр семæ разыйæ кæнæ та арæныл термоскринигы фæстиуæгæн, 37 градусæй бæрзонддæр тæвды фæбæрæгы цауы, аэропорты ацæуой «PCR »тест.
Афтæдæр æнæмæнг уагæй тестæй басгæрст кæнæ карантины режиммæ ахиздзысты уыцы гоймæгтæ, кæцытæм фæстаг 14 боны дæргъы, Евроцæдисы æнæуæнг бæрзонд рискы бæстæтæм балцы историй ис.
Евроцæдисы иннæ уæнг паддзахадты тыххæй куы зæгъæм – бæстæтæн кæцытæ Гуырдзыстонæн арæнтæ нæ байгом кодтой, нæхи æрдгæй дæр архайдзæн уæвæг режим. Æрмæст уыцы бæстæты æмбæстæгтæн, кæцытæ Гуырдзыстон бахастой а.х. цæъх номхыгъдмæ (уæлдæрбанысангонд фондз бæстæйæ уæлдай) кæнæ та сфидар кодтой æндæр æмæ æндæр хуызы арæнæвæрдтæ, Гуырдзыстонмæ æрбахизын сæ бон уыдзæн 14 бонон æнæмæнгхъæугæ карантины фæстæ, кæцыйы хардзтæ сæхæдæг бамбæрздзысты» – хъусын кæны Чиковани.