Цалдæр бæстæйæ, Саломэ Зурабишвилийы инаугурацимæ æрцæуын ныридæгæн сбæлвырд кодтой
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалианийы фидиуæнæй, Саломэ Зурабишвилийы инаугурацимæ уазджыты бæрæггæнæнтæ æрвылбойнонæй ивынц.
Министр куыд банысан кодта афтæмæй, æрвылбойнонæй исынц куыд дзырдæй, афтæ фыстæй бæлвырдгæнæнтæ.
Залкалианийы ныхæстæм гæсгæ, инаугурацимæ æрцæуынмæ гæсгæ хуынды фыстæджытæ виппайды арвыстой алы уыцы бæстæмæ, кæцыимæ Гуырдзыстонæн ис ахастытæ, уыцы минæварадтæм кæцытæ дæр аккредитацигонд сты Гуырдзыстоны. Афтæдæр министры дзырдæй, хуынды билеттæ арвыстой æхсæнаæдмон организацитæм.
«Процесс нырма нæ фæцис. Зонут æй цæмæй индивидуалонæй æркæсынц алчи æмæ уый фæстæ нын хъусын кæнынц, чи уыдзæн делегацийы сконды. Æрвылбойнонæй исæм куыд дзырдæй афтæ фыстæй бæлвырдгæнæнтæ. АБоны бæрæггæнæнтæй, ис нын бæлвырдгæнæн Сомихыстоны президентæй, афтæдæр нæм уыдзæн делегаци Чехæй, кæцыйæн къухдариуæг кæндзæн сенаты сæрдар, Сербийæ делегацийæн къухдариуæг кæндзæн парламенты сæрдар. Æрцæудзæн нæм афтæдæр Лиетувæйы делегаци парламенты сæрдары къухдариуæгæй, Румынийы делегаци, кæцыйæн разамынд кæндзæн Румынийы вице-премьер, Молдовæйы делегациæн къухадриæг кæндзæн фæсарæн хъуыддæгты министр, Туркменийы делегацийæн къухдариуæг кæндзæн базарады министр.
Æнхъæлмæ кæсæм цæмæй Сауды Аравийы делегацийæн къухдариуæг кæндзæн парламенты спикер, Польшæйæ райстам бæлвырдгæнæн, паддзахадон министры æмæ президенты администрацийы хистæры минæварадæй, фæлæ гæнæн ис Польшæйæ, æндæр бæрзонд гæстæ дæр æрцæуой.
Азербайджанæй уыдзæн делегаци, æмвæзады нырма дæр бæрæг кæнынц. Алы минуты нæм æрбацæуы ног информаци»- райхъусын кодта Залкалиани.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уый нæу æххæст ранымад. Залкалианийы ныхæстæм гæсгæ, делегациты фæдыл уæлæмхас информаци къуырийы кæронмæ уыдзæн бæрæг.
Саломэ Зурабишвилийы инаугураци 16 декабры ацæудзæн.