Цæугæдон Иорданы цур, Цардæттæгы аргъуыды бынаты алфæмбылæйтты Гуырдзыстонмæ лæвæрд уы зæххы фæзуат, кæцыйыл гуырдзиаг культурæйы центр сараздзысты
Цæугæдон Иорданы цур, Цардæттæгы аргъуыды бынаты алфæмбылæйтты Гуырдзыстонмæ лæвæрд уы зæххы фæзуат, кæцыйыл гуырдзиаг культурæйы центр сараздзысты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Самебайы кафедралон аргъуаны райхъусын кодта.
Ираклий Гъарибашвили цæрджытæн Натлисгъебайы (Донскъæфæн) бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта.
«Патриархæн, сыгъдæг Синоды уæнгтæн, цæрджытæн, алкæмæн уын арфæ кæнын Натлисгъеба. Мæнæн стыр кад у абон нæ цæрджытæн фехъусын кæнон иттæг æхсызгон уац. Зæгъæн ис, цæмæй абон мах историон фæзынды æвдисæнтæ фестæм. Иорданийы паддзах, Абдулла Дыккагы æмæ принц Газийы уынаффæйæ, Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд зæххы фæзуат цæугæдон Иорданы цур, Цардæттæгы аргъуыды бынаты алфæмбылæйтты. Патриархы арфæйæ уым арызт уыдзæн гуырдзиаг культурæйы центр», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.