Цæугæ къуырийы парламент æрыхгæндзæн уалдзæгон сесси
Цæугæ  къуырийы  парламент æрыхгæндзæн уалдзæгон сесси

Фарастæм  æрсидты  парламенты  радæй  дыккаг  уалдзæгон   сесси  цæугæ  къуырийы  æрцæудзæн æхгæд.

Регламентмæ  гæсгæйæ,  уалдзæгон  сесси   июны  фæстаг  майрæмбон æрæхгæнынц.  Уымæ  æмбæлгæйæ дæр сесси æрыхгæндзысты  29  июны.

Уалдзæгон  сессийы  æрыхгæды фæстæ,   закъондæттæг оргæн  кусын адарддæр кæндзæн  уæлрадон рабадтыты форматы  æмæ  цух  нæу,  цæмæй  презиент Гиорги Маргвелашвилийæ, уæлрадон рабадт æрхонын, июлы  кронмæ æркурой, уымæн æмæ   закъондæттæг орган, бирæ закъондæттæн  æмæ къадрон ивындзинад хъуамæ  сбæлвырд кæна.  Сæрмагондæй та  парламенты бахъæудзæн  ног сæйраг прокурроры  сывзарын, афтæдæр  адæмон  барты  хъахъхъæнæгы 2017 азы  хыгъдлæвæрдмæ байхъусын  æмæ  паддзахадон  аудиты  куысты  хыгъдлæвæрд æркæсын дæр.

Уыйимæ ма, парламентмæ,  цæугæ   къуырийы  æркæсынмæ бавдыст уыдзысты   структурон реорганизациимæ баст  закъондæттæн   ивдтытæ, кæцыты райсыны  фæстæ дæр,   закъондæттæн  органмæ,   премьер-министр  Мамука Бахтадзе,   ранæуæггонд  скондæн æууæнк райсынмæ фæзындзæн.

Хицауады  сбæлвырдæй  уæлдай ма,    парламент хъуамæ æркæса   регламенты  ивд, кæцыйы зæрдыл даргæйæ, парламентон   контроль  карздæр кæны  æмæ   хуыздæр кæнынц  закъондæттæн процедурæтæ.

Афтæма,   дептутатты бахъæудзæн  дæсгай  закъондæттæн пакетыд  фæуынаффæ кæнын,  кæцытæ ног конституцийæ  ратæдзынц  æмæ   кæцыты  нымæцы ис  Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады  райс-фесафынимæ баст  фарстытæ.

Афтæдæр парламент  уынаффæ    хъуамæ рахæсса наркополитикæйы либерализацимæ гæсгæ дæр,  уымæн æмæ ивд  юридикъон фарстыты  комитеты  æркастысты  æмæ фарсты  фыццаг  хъусынæй сессимæ рахæссыны размæ,   комитеты  ноджы  иу   рабадт хъуамæ  ацæуа,  кæцыйыл   хицаугæнæг  къорд,  разы   закъондæттæн пакеты  бавдисдзæн.

Куысты уæлрадон форматы  фæуды ф æстæ,  депутаттæ  уагуадзæнмæ ацæудзысты.   Фæззыгон сесси та, регламентмæ гæсгæйæ,   сентябры  фыццаг  дыццæджы байгом уыдзæн.